Бибылты Анатолий Владимир Путинӕн: Дӕ ном баст у Уӕрӕсейы сӕндидзӕнимӕ

© Sputnik / Сергей Гунеев /  Ахизын медиабанкмæБибылты Анатолий ӕмӕ Владимир Путин
Бибылты Анатолий ӕмӕ Владимир Путин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы Федерацийы президент Владимир Путин ӕртыццӕджы нысан кӕны йӕ райгуырӕн бон. Паддзахады сӕргълӕууӕгыл сӕххӕст 68 азы

ЦХИНВАЛ, 7 окт – Sputnik. Президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта уӕрӕсейаг лидер Владимир Путинӕн йӕ райгуырӕн боны цытӕн, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Уӕрӕсейы Федерацийы президент Владимир Владимиры фырт Путин райгуырд 1952 азы 7 октябры Ленинграды ( Санкт-Петербург), абон уый нысан кӕны йӕ 68-ӕм райгуырӕн бон. Знон йӕ пресс-секретарь Дмитрий Песков фехъусын кодта, боны фыццаг хай паддзахады сӕргълӕууӕджы боны фӕткы кӕй уыдзӕн мидӕггагон политикӕ ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон телефонон баныхас. Уый фӕстӕ Путин традицимӕ гӕсгӕ арвитдзӕн йе ‘мбӕлттӕ ӕмӕ хиуӕттимӕ.

Бибылты Анатолий йӕ арфӕйы телы Уӕрӕсейы Федерацийы прездентмӕ бахахх кодта, Хуссар Ирыстоны Путины номимӕ кӕй у баст Уӕрӕсейы фӕлгонц ӕмӕ Уӕрӕсейы паддзахады сӕндидзӕнимӕ.

"Ноджы мӕ иу хатт фӕнды зӕгъын бузныг Дӕ эффективон ӕмӕ ныфсхаст архӕйдтыты тыххӕй сабырдзинад ӕмӕ стабилондзинад бавӕрыны хъуыддаджы Хуссар Ирыстон ӕмӕ ӕппӕт Кавказы, афтӕ ма нӕ республикӕйӕн ӕххуысы тыххӕй уӕззау периоды", - банысан кодта Бибылты Анатолий.

Бибылты Анатолийы цӕст бауарзта Владимир Путинӕн фидар ӕнӕниздзинад ӕмӕ йӕ нывӕзтыты ӕнтыстджын реализаци Уӕрӕсейы адӕмы хӕрзӕбонӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0