ЦХИНВАЛ, 7 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы райсом адӕм куыстытӕм ӕмӕ скъоладзаутӕ та ахуырмӕ куы фæтындзынц, раст уыцы афон централон уынгты ӕфснайӕн техникæ дӕр срӕвдз кӕны йӕ куыст. Уынгӕг фæндæгтыл ныллӕуы траспорты змӕлд. Цæрджытæ се 'нæразыдзинад æвдисынц æфснайыджыты æнафон активондзинадæй.
Фæстаг æзты Хуссар Иры æнæрлæугæ рæзы хæдтулгæты нымæц, чысыл Цхинвалы сæвзæры машинæты радтæ æмæ ма проблемæ ноджы фæкарздæр кæны хæрзарæзтады управленийы æфснайæн техникæ.
"Райсом раджы сывӕллӕттӕ кодтон Аивӕдты лицеймӕ, йӕ разы цӕхгӕр ныллӕуыд быронласӕн хӕдтулгӕ, уынгыл азмӕлӕн нал уыд. Ахӕм уавӕры фыццаг хатт нӕ бахаудтӕн. Ӕз рацардтæн Ростов ӕмӕ Мӕскуыйы, фæлæ ӕфснайджытӕ ӕмӕ сӕ техникæ никуы федтон бонӕй горæты", - загъта Цхинвалы цӕрӕг Уырызмӕг.
Уӕлдай тыхстдзинад ӕвзæрын кӕнынц быронласӕн егъау техникæ. Уыдон, шофырты ныхӕстӕм гӕсгӕ, централон уынгыл фӕндӕгтыл сӕвзӕрын кӕнынц пробкӕтӕ.
"Джиоты Аланы проспектыл фӕндаггӕрон лӕууынц такситӕ, сӕ цуры ноджы ӕруромы быронласӕн стыр хӕдтулгӕ ӕмӕ фӕндагыл сӕ фӕрсты маргъ дæр нал атæхдзæн. Хорз у кӕй ӕфснайынц, стыр бузныг сын, фӕлӕ йӕ тыхзмӕлды рӕстӕгмӕ цӕмӕн ӕрхӕссынц, уый диссаг у", - загъта Sputnik горæты аннæ цæрæг Джульетта.
Цхинвалы администрацийы пресс-службӕйы Sputnik радзырдтой, сæ дæлбар уæвæг хӕрзарӕзтады службӕ йӕ куыст кæй райдайы 5.30 сахатыл.
"Фӕззӕджы бӕлӕсты сыфтӕр кӕй згъӕлы, уымӕ гӕсгӕ сӕ куысты гуырахст фӕфылдӕр вӕййы ӕмӕ сӕ боныгон дӕр бахъӕуы рахизын горӕтмӕ", - банысан кодтой мэрияйы.