Æлдæртты музейы фоныл: Бекъойты Хох равдисдзæн йæ ног коллекци онлайн режимы

© Из архива Хоха БекоеваБекъойты Хох равдисдзæ йæ ног коллекци комкоммæ эфиры
Бекъойты Хох равдисдзæ йæ ног коллекци комкоммæ эфиры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Равдысты фæзуат мастерæн ацы хатт ссис Хуссар Ирыстоны Ерыстау æлдæртты музей, модельтæй ралæууыдысты театр æмæ ансамблы артисттæ

ЦХИНВАЛ, 7 окт— Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг дизайнер Бекъойты Хох йæ ног коллекци равдисдзæн бынæттон телеуынынады эфиры, фехъусын кодта Sputnik йæхæдæг дизайнер.

Равдыст развæлгъау ист æрцыд, подиумæн мастер равзæрста Ленингоры районы Ерыстау æлдæртты музей. Модельеры ныхæстæм гæсгæ, дунейы коронавирусы апарахаты тасæй равдысттæ цæуынц онлайн форматы.

"Dolce&Gabbana æмæ Chanel сарæзтой равдысттæ, уыдон кæсджыты сбадын кодтой æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы домæнтæм гæсгæ. Равдысттæ æмæ æгæрыстæмæй конкурстæ дæр цæуынц онлайн хуызы ", - загъта Бекъойты Хох.

Дунейы фæлтæрддзинадмæ йæ цыппæрæм коллекциимæ бамбал ис хуссарирыстойнаг дизайнер дæр.

© Из архива Хоха БекоеваБекъойты Хох равдисдзæ йæ ног коллекци комкоммæ эфиры
Æлдæртты музейы фоныл: Бекъойты Хох равдисдзæн йæ ног коллекци онлайн режимы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бекъойты Хох равдисдзæ йæ ног коллекци комкоммæ эфиры

"Ацы бынат рагæй цыд мæ зæрдæмæ, фæлæ уым равдыст саразыны фадат нæ уыд, уымæ гæсгæ мын мæ тырнынад сæххæст кæнынæн феххуыс ис пандеми. Ам систон мæ равдыст", - бафтыдта уый.

Коллекци уалдзæг-сæрд 2021 "Богема" конд у 20 look-æй, йе сфæлдисæг æй хоны хъарм ахорæнты дарæс.

"Кусын ыл райдыдтон карантины размæ, фæлæ йыл куыст куыд цыд, афтæ дзы бахъуыд аивын. Сарæзтон æй стиль "богемный шик"-ы". Аксессуартæ дæр сты къухæй конд", - банысан кодта дизайнер.

© Из архива Хоха БекоеваБекъойты Хох равдисдзæ йæ ног коллекци комкоммæ эфиры
Æлдæртты музейы фоныл: Бекъойты Хох равдисдзæн йæ ног коллекци онлайн режимы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бекъойты Хох равдисдзæ йæ ног коллекци комкоммæ эфиры

Коллекцийы равдысты архайдтой Хуссар Ирыстоны паддзахадыон театры æмæ паддзахадон ансамбль "Симд"-ы артисттæ.

"Пандемийы фæдыл дунейы цы ивындзинæдтæ æцæуы, уый аххосæй мæ бон нæ бацис фæхонын модельты агентад. Уымæ гæсгæ модельтæй фæхуыдтон ме 'мбал чызджытæ, актрисатæ æмæ ансамблы кафджыты", - балхынцъ кодта уый.

Хуссар Иры ПТРК "Ир" эфриы равдыст рацæудзæн сабаты изæры информацион рауагъд "Абон"-ы фæстæ.

© Из архива Хоха БекоеваБекъойты Хох равдисдзæ йæ ног коллекци комкоммæ эфиры
Æлдæртты музейы фоныл: Бекъойты Хох равдисдзæн йæ ног коллекци онлайн режимы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бекъойты Хох равдисдзæ йæ ног коллекци комкоммæ эфиры
Ног хабӕртты лентӕ
0