ЦХИНВАЛ, 8 окт – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй 12 ног рынчыны, фехъусын кодта Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг Коцты Марина.
Ӕртыццӕджы уагдоны лабораторийы сарӕзтой 34 басгӕрсты, коронавирус сбӕрӕг кодтой 12 адӕймагӕн.
"Фӕрынчынуӕвджытӕй дыууӕ сты уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ", - загъта Коцты Марина.
Уый банысан кодта, ахӕм уавӕрмӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты арӕны уылты хизыныл тобӕтӕ куы систой, уый фӕстӕ.
Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ республикӕйы абоны бонмӕ сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 33 рынчыны. Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй сбӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй 123 фӕрынчынуӕвӕджы.
Амӕй размӕ республикон рынчындоны сӕйраг дохтыр Быценты Индира фехъусын кодта Sputnik, Хуссар Ирыстоны медцентры территорийыл кӕй бакодтой маскӕты режим.
Афтӕ ма республикон бирӕпрофилон медицинон центры сывӕллӕтты рынчындон цӕттӕ кӕнынц коронавирусон инфекцийы ныхмӕ тох кӕнынӕн. Медуагдонæн йæ бон уыдзæн райсын 100 рынчыны.