Мото-автозгъорд Стыр Фыдыбӕстон хӕсты раритетон техникӕимӕ ацыд Цхинвалы

© Sputnik / Наталья АйриянМото-автозгъорд Стыр Фыдыбӕстон хӕсты раритетон техникӕимӕ ацыд Цхинвалы
Мото-автозгъорд Стыр Фыдыбӕстон хӕсты раритетон техникӕимӕ ацыд Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Згъорды колоннӕйы уыдысты 30-ӕм ӕмӕ 40-ӕм азты фӕсарӕйнаг хӕдтулгӕтӕ, кӕцытӕ сретавраци кодтой энтузиасттӕ. Автозгъорды сӕргъ цыд мотоцикл "Урал" М-72

ЦХИНВАЛ, 8 окт – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Мото-автозгъорд Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы 75 азы ӕмӕ ХИПУ-йы 88 азы цытӕн ацыд цыппӕрӕмы Цхинвалы. Республикӕйы университеты централон бахизӕнӕй хӕсты рӕстӕджы хӕдтулгӕтӕ ӕмӕ мотоциклтӕ ацыдысты Каде Аллейы онг.

© Sputnik / Наталья АйриянМото-автозгъорд Стыр Фыдыбӕстон хӕсты раритетон техникӕимӕ ацыд Цхинвалы
Мото-автозгъорд Стыр Фыдыбӕстон хӕсты раритетон техникӕимӕ ацыд Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мото-автозгъорд Стыр Фыдыбӕстон хӕсты раритетон техникӕимӕ ацыд Цхинвалы

Студенттӕ, кӕцытӕ хайад истой мадзалы, уыдысты Стыр Фыдыбӕстон хӕсты рӕстӕджы ӕфсӕддон формӕйы ӕмӕ хӕцӕнгарзтимӕ, кӕцытӕ сын радта университеты музей.

Згъорды колоннӕйы уыдысты 30-ӕм ӕмӕ 40-ӕм азты фӕсарӕйнаг хӕдтулгӕтӕ, кӕцытӕ сретавраци кодтой энтузиасттӕ. Автозгъорды сӕргъ цыд мотоцикл "Урал" М-72.

© Sputnik / Наталья АйриянМото-автозгъорд Стыр Фыдыбӕстон хӕсты раритетон техникӕимӕ ацыд Цхинвалы
Мото-автозгъорд Стыр Фыдыбӕстон хӕсты раритетон техникӕимӕ ацыд Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мото-автозгъорд Стыр Фыдыбӕстон хӕсты раритетон техникӕимӕ ацыд Цхинвалы

Кады Аллейы советон солдатты рухс нӕмттӕ ссарынмӕ ӕрбацыд республикӕйы президент Бибылты Анатолий, афтӕ ма Уӕрӕсейы минӕварады кусджытӕ.

"Сӕйраджыдӕр, хъӕуы хъуыды кӕнын советон адӕмы хъайтардзинад, уыцы адӕмы фӕрцы мах абон цӕрӕм сабырдзинады. Сӕ фӕрцы мах ӕнкъарӕм, цы у патриотизм ӕмӕ уарзондзинад райгуырӕн бӕстӕмӕ", - загъта Бибылты Анатолий.

Президент загъта бузныг университеты ректоратӕн авто-мотозгъорд сорганизаци кӕныны тыххӕй.

© Sputnik / Наталья АйриянМото-автозгъорд Стыр Фыдыбӕстон хӕсты раритетон техникӕимӕ ацыд Цхинвалы
Мото-автозгъорд Стыр Фыдыбӕстон хӕсты раритетон техникӕимӕ ацыд Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мото-автозгъорд Стыр Фыдыбӕстон хӕсты раритетон техникӕимӕ ацыд Цхинвалы

ХИПУ ректор Тедеты Вадим фехъусын кодта журналисттӕн, автозгъорд иунӕг массон мадзал нӕу, кӕцы уадздзӕн ахуыргӕнӕндон.

"Ӕппӕт дуне нысан кӕны Стыр Фыдыбӕстон хӕсты уӕлахизы 75 азы юбилей. Махӕн ацы уӕлахизӕн ис уӕлдай нысаниуӕг, уымӕн ӕмӕ ирон адӕмы хайбавӕрд ацы хъуыддагмӕ алчидӕр зоны. Хъайтарты нымӕцмӕ гӕсгӕ мах стӕм фыццаг бынатыл. Ацы аз ма мах нысан кӕнӕм ХИПУ сӕвзӕрдыл 88 азы сӕххӕсты бӕрӕгбон. Уый у рӕсугъд датӕ, 11 октябры йӕ нысан кӕндзыстӕм", - загъта ректор.

Тедеты Вадим банысан кодта, азы кӕрон кӕй ацӕудзӕн этнографи ӕмӕ бӕстӕзонады музейы баконд Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты.

© Sputnik / Наталья АйриянМото-автозгъорд Стыр Фыдыбӕстон хӕсты раритетон техникӕимӕ ацыд Цхинвалы
Мото-автозгъорд Стыр Фыдыбӕстон хӕсты раритетон техникӕимӕ ацыд Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мото-автозгъорд Стыр Фыдыбӕстон хӕсты раритетон техникӕимӕ ацыд Цхинвалы
Ног хабӕртты лентӕ
0