Мæскуыйы байгом Дзиоты Асланы равдыст

© Sputnik / Анна КабисоваДзиоты Асланы равдыст
Дзиоты Асланы равдыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Равдыст, кæцымæ бацыд сылгоймаг æмæ нæлгоймаджы хсæн ахастытæн нывонд 40 куысты, адарддæр уыдзæн иу мæй

ЦХИНВАЛ, 8 окт — Sputnik. Ирон нывгæнæг Дзиоты Асланы куысты равдыст байгом Мæскуыйы. Экспозицимæ бацыдысты 40 куысты, кæцытæ нывонд сты сылгоймаг æмæ нæлгоймаджы хсæн ахастытæн, хъусын кæны мæскуыйаг ирон æхсæнады пресс-службæ.

Мастеры ныхæстæм гæсгæ, нывты уникалон серийыл бакусынмæ уый сразæнгард кодта æнусон темæ æмæ ног формæты бацагуырд.

© Sputnik / Анна КабисоваДзиоты Асланы куыст
Мæскуыйы байгом Дзиоты Асланы равдыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзиоты Асланы куыст

Дзиоты Асланы куыстыты фылдæр хай æххæст у "сау-урс-сырх гаммæйы, фæлæ уыимæ алы эпизод дæр, алы фæлгонц дæр бирæ рæстæгмæ бауромы йæ цуры равдыстмæ бацæуджыты".

"Кæддæр мæм райгуырд ахæм хъуыды - равдисын сылгоймаг æмæ нæлгоймаджы æндæргтæй. Ссарын уыцы миниуджытæ, кæцытæ сты характерон иронæн, кæцытæ æвдисдзысты националон цæстæнгас. Уый вазыгджын хæслæвæрд у, фæлæ мæнæн мæ зæрдæмæ цæуынц вазыгджын хъуыддæгтæ", - хъусын кæны пресс-службæ нывгæнæджы ныхæстæ.

Равдыст адарддæр уыдзæн иу мæй, йæ фенын фадат ис алкæмæн дæр. Уымæй дарддæр ма мадзалы хайадисджытæн сæ бон суыдзæн балхæнын нывгæнæджы куыстытæй искæцы.

© Sputnik / Анна КабисоваДзиоты Асланы куыст
Мæскуыйы байгом Дзиоты Асланы равдыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзиоты Асланы куыст

Дзиоты Аслан - график, коллажты автор, хуызфыссæг. У Цæгат Иры нывгæнджыты цæдисы уæнг, республикон æмæ Уæрæсейы æндæр регионты равдыстты æдзухон хайадисæг.

 

 

Ног хабӕртты лентӕ
0