Цӕгат Иры Роспотребнадзоры фехъусын кодтой ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

© Sputnik / Ольга Смольская /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Пандемийы рӕстӕджы республикӕйы рабӕрӕг кодтой 6298 рынчыны коронавирусӕй, уыдонӕй 5347 адӕймаджы сӕнӕниз сты, 70 амардысты

ЦХИНВАЛ, 8 окт — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 39 ног рынчыны. Фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 6298, фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.

Цхинвалы рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Маскӕты режим ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уӕззау рынчынтӕ: куыд кусы ныр Цхинвалы медцентр

- 864 адӕймаджы сты амбулаторон хоскӕнынады.

- 17 адӕймаджы хос кӕнынц республикӕйы медицинон уагдӕтты.

- 5347 адӕймаджы сӕнӕниз сты.

- 70 адӕймаджы амардысты.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Коронавирусӕй фӕрынчын сты 37 милуан адӕймагӕй фылдӕр, 1 милуан рынчынӕй фылдӕр амардысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0