Ноджы дӕс: Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй ног рынчынты

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы пандемийы райдайӕнӕй сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 152 рынчыны, сӕ нымӕцы 62 адӕймаджы Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ

ЦХИНВАЛ, 13 окт – Sputnik, Козаты Диана. Югосетпотребнадзор фехъусын кодта коронавирусы фӕдыл ног бӕрӕггӕнӕнтӕ. Иу суткӕмӕ инфекци рабӕрӕг кодтой дӕс адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik уагдоны сӕргълӕууӕг Коцты Марина.

Цхинвалы бирӕпрофилон колледж - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы бирӕпрофилон колледж сӕхгӕдтой карантиныл

Республикӕйы пандемийы райдайӕнӕй сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 152 рынчыны, сӕ нымӕцы 62 адӕймаджы Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ.

"Ивгъуыд суткӕйы мах ауагътам 64 басгӕрсты, коронавирус сбӕрӕг кодтой дӕс адӕймагӕн", - загъта Коцты Марина.

Уый банысан кодта, стационары кӕй сты 25 рынчыны пневмониимӕ (къуырисӕры хъусын кодтой 16 пациенты тыххӕй пневмониимӕ).

Амӕй размӕ Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады хъусын кодтой, Республикон бирӕпрофилон медицинон центры сывӕллӕтты рынчындон кӕй цӕттӕ кӕнынц коронавирусон инфекцийы ныхмӕ тох кӕнынмӕ. Медицинон уагдонӕн йӕ бон уыдзӕн райсын COVID-19-ӕй 100 рынчыны.

Ног хабӕртты лентӕ
0