Цхинвайлаг ӕвзонг футболисттӕ рамбылдтой Дзӕуджыхъӕуккаг "Юность-2"-йы

Рафыссын
Хуссарирыстойнаг футболисттӕн уый уыд се 'ртыккаг ралӕуд В.П. Семеновы номыл турниры, кӕцы райдыдта дыууӕ къуырийы размӕ Дзӕуджыхъӕуы спортивон скъола "Юность"-ы

ЦХИНВАЛ, 13 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны футболон командӕ "Барсалан" рамбылдта дзӕуджыхъӕуккаг "Юность-2", хъусын кӕны фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты комитеты пресс-службӕ.

Барсалатӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг футболистты дыккаг матч Дзӕуджыхъӕуы турниры ахицӕн ис ӕмдыхӕй

Хуссарирыстойнаг футболисттӕн уый уыд се 'ртыккаг ралӕуд В.П. Семеновы номыл турниры, кӕцы райдыдта дыууӕ къуырийы размӕ Дзӕуджыхъӕуы сывӕллӕтты ӕмӕ фӕсивӕды спортивон скъола "Юность"-ы.

"Радон матчы цхинвайлӕгтӕ сыгъдӕгӕй рамбылдтой командӕ "Юность-2"-йы - хъазт ахицӕн 4:0 хыгъдӕй. Хуссарирыстойнаг командӕйы сӕхи итӕг хорз равдыстой Хъӕцмӕзы Александр, Туаты Давид, Кокойты Алан ӕмӕ Тъехты Альберт", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Пресс-службӕйы банысан кодтой, "барсалантӕ" ма кӕй ауагътой хӕларадон фембӕлд дзӕуджыхъӕуккаг "Спартак"-имӕ дӕр, кӕцы ахицӕн хуссайрӕгты уӕлахизӕй 6:0 хыгъдӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0