ЦХИНВАЛ, 15 окт – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны цыппӕрӕмы нысан кӕнынц фыссӕг, поэт, публицист ӕмӕ ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг Хетӕгкаты Къостайы райгуырӕн бон. Ирыстоны номдзыд гойманӕн йӕ 161 райгуырӕн бон коронавирусы апарахаты тасӕй уӕрӕхӕй нысан нӕ цӕуы.
Къостайы цыртмӕ Цхинвалы ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ сӕвӕрдзысты дидинтӕ, генийы номыл мадзал бацӕттӕ кодта ХИПУ дӕр.
"Литературон изӕр "Къоста - Ирыстоны хур" паддзахадон университет ауадздзӕн цыппӕрӕмы ӕмӕ у нывонд Хетӕгкаты Къостайы 161-ӕм райгуырӕн бонӕн", - загътой Sputnik ахуыргӕнӕн уагдоны пресс-службӕйы.
Фӕстаг рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй рынчынты нымӕц кӕй сбирӕ, уый аххосӕй массон мадзӕлттӕ сты стӕм.
"Уавӕр хынцгӕйӕ, уӕрӕх мадзӕлттӕ саразыны фадат нӕй. Фӕлӕ Цхинвалы Къостайы цыртмӕ сӕвӕрдзыстӕм дидинтӕ", - фехъусын кодтой Sputnik культурӕйы министрады пресс-службӕйы.
Къостайы юбилейон райгуырӕн бон уӕрӕхӕй банысан кодтой ивгъуыд аз. Уӕд бирæнымæц мадзæлтты хсӕн уыд ӕппӕтирон ӕмбырд йӕ райгуырӕн хъӕу Нары, фæбæрæг сты Къостайы премийы лауреаттæ, рауагътой згъӕрӕхца йӕ хуызистимӕ.