Путин схорзӕхджын кодта Хуссар Иры адӕмон артисты Фӕллойы Хъайтары номӕй

© Sputnik / Сергей Гунеев /  Ахизын медиабанкмæВиктор Захарченко
Виктор Захарченко - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кубайнаг хъазахъхъаг хор Виктор Захарченкойы сӕргълӕудӕй 2008 азы радта концерт Хуссар Ирыстоны,уыцы мадзалӕй хоры артисттӕ балӕууыдысты республикӕйы адӕмы фарсмӕ сӕ сӕрибардзинады сӕрыл тохы

ЦХИНВАЛ, 15 окт – Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин радта УФ Фӕллойы хъайтары ном Кубайнаг хъазахъхъаг хоры къухдариуӕггӕнӕг Виктор Захарченкойӕн.

Документы нысан цӕуы, ацы кадджын ном Виктор Захарченкойӕн кӕй радтӕуыд "фыдыбӕстӕйон культутӕ ӕмӕ аивады райрӕзтмӕ уӕлдай хайбавӕрды, афтӕ ма Уӕрӕсейы культурон ӕмӕ историон бынтӕ хъахъхъӕнын ӕмӕ парахат кӕныны тыххӕй".

Кубайнаг хъазахъхъаг хорӕн бындур ӕвӕрд ӕрцыд 1811 азы. Уый ӕххӕст кӕны хъазахъхъаг, уӕрӕсейаг ӕмӕ украинӕйаг адӕмон зарджытӕ.

Кубайнаг хъазахъхъаг хор Виктор Захарченкойы сӕргълӕудӕй ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ 2008 азы, гуырдзиаг агрессийӕ иу мӕйы фӕстӕ. Хор радта концерт Цхинвалы сӕйраг фӕзуатыл, уыцы мадзалӕй артисттӕ балӕууыдысты республикӕйы адӕмы фарсмӕ сӕ сӕрибардзинады сӕрыл тохы.

Ног хабӕртты лентӕ
0