00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Ирон эфир
Новости
08:00
3 Мин
Ирон эфир
Гасситы Аннӕ ӕмӕ Дыгъуызты Уырызмӕг Ӕмбӕлтты ӕхсӕнадӕмон боны тыххӕй
08:03
27 Мин
Ирон эфир
Новости
08:30
3 Мин
Ирон эфир
Гасситы Аннӕ ӕмӕ Дыгъуызты Уырызмӕг Ӕмбӕлтты ӕхсӕнадӕмон боны тыххӕй
08:33
27 Мин
On air
09:00
3 Мин
Утро на Спутнике
Более десяти молодых художников представят новые работы на выставке «Цхинвал 5»
09:10
6 Мин
09:17
10 Мин
On air
09:31
3 Мин
Утро на Спутнике
Директор цхинвальского многопрофильного колледжа о приемной кампании
09:34
25 Мин
On air
12:00
3 Мин
On air
12:30
3 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Цхинвалы ӕрӕвнӕлдтой Зонад-Иртасӕн институты бӕстыхай цалцӕг кӕнынмӕ

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы ӕрӕвнӕлдтой Зонад-Иртасӕн институты бӕстыхай цалцӕг кӕнынмӕ
Цхинвалы ӕрӕвнӕлдтой Зонад-Иртасӕн институты бӕстыхай цалцӕг кӕнынмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зонадон уагдон мӕгуырау уавӕры ис 2008 азы августы гуырдзиаг-ирон хӕстӕй фӕстӕмӕ. Йе 'ддаг фарсыл ныр дӕр ирдӕй зыны агрессийы зиан - нӕмгуыты фӕдтӕ

ЦХИНВАЛ, 20 окт - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Зонад-иртасӕн институты (ЗИИ) бӕстыхай райдыдтой цалцӕг кӕнын. Паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-секретарь Гасситы Дина куыд фехъусын кодта Sputnik, афтӕмӕй цалцӕггӕнӕн куыстытӕн фӕрӕзтӕ самал кодтой президенты фӕстауӕрцон фондӕй.

"Зонад-иртасӕн институты кусджыты стыр хайбавӕрд зонадмӕ хынцгӕйӕ нӕй руадзӕн, цӕмӕй ацы уагдон уыдаид дарддӕр дӕр ахӕм уавӕрты. Президенты фӕстауӕрцон фондӕй хицӕн ӕрцыд 6 милуан 550 мин сомы цалцӕгӕн. Уый у ӕрмӕст фыццаг къахдзӕф", - загъта Гасситы Дина.

Уый ма зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, бӕстыхай ӕмбӕлон уагмӕ ӕркӕныны фарстыл кӕй дзырдта президент йӕ ныстуаны адӕм ӕмӕ парламентмӕ. Уӕд Бибылты Анатолий банысан кодта, ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы сфидар кӕнын институты материалон базӕ, уый хъуамӕ дзуапп дӕтта зонадон уагдоны бӕрзонд статусы домӕнтӕн.

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы ӕрӕвнӕлдтой Зонад-Иртасӕн институты бӕстыхай цалцӕг кӕнынмӕ
Цхинвалы ӕрӕвнӕлдтой Зонад-Иртасӕн институты бӕстыхай цалцӕг кӕнынмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ӕрӕвнӕлдтой Зонад-Иртасӕн институты бӕстыхай цалцӕг кӕнынмӕ

Зонадон уагдон мӕгуырау уавӕры ис 2008 азы августы гуырдзиаг-ирон хӕстӕй фӕстӕмӕ. Йе 'ддаг фарсыл ныр дӕр ирдӕй зыны агрессийы зиан - нӕмгуыты фӕдтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0