Парламенты вице-спикер банысан кодта фиппаинӕгтӕ коронавирусы ныхмӕ тохы

© Sputnik / Natalia Airiyan Гасситы Петр
Гасситы Петр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гасситы Петр йӕхӕдӕг ӕмӕ йӕ хиуӕттӕ дӕр сты коронавирусӕй рынчын. Уый фӕдыл ацы проблемӕтӕ политик банхъардта йӕхиуыл

ЦХИНВАЛ, 21 окт – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты фыццаг вице-спикер Гасситы Петр фӕрынчын коронавирусӕй, фехъусын кодта уый йӕ интервьюйы Sputnik-ӕн.

Амӕй размӕ коронавирус сбӕрӕг кодтой президенты пресс-секретарь Гасситы Динайӕн ӕмӕ администрацийы цалдӕр уӕнгӕн. Уый фӕстӕ коронавирусӕй фӕрынчын ис паддзахады сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий ӕмӕ премьер-министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Бекъойты Геннадий.

Парламенты профилактикӕйы мадзӕлтты тыххӕй вице-спикер банысан кодта, куыд иннӕ уагдӕтты, афтӕ парламентмӕ бахизӕны дӕр ис дезинфекцион фӕрӕзтӕ, фӕлӕ уый бирӕ не ‘ххуыс кӕны инфекцийы ныхмӕ тохы.

"Махмӕ республикӕйы маскӕты режим дӕр нӕ бакодтой, ӕмӕ уый тыххӕй дӕр коронавирус парахат кӕндзӕн. Фӕнды мӕ банысан кӕнын, медицинон уагдӕттӕ ӕмбӕлон ӕгъдауӕй кӕй нӕ ифтонг кӕнынц медикаменттӕй. Ӕз уый мӕхиуыл банхъардтон. Мӕ хӕстӕг, кӕцы ис рынчындоны, цалдӕр хатт ӕлхӕдта медикаменттӕ Дзӕуджыхъӕуы", - загъта вице-спикер.

Тест - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры коронавирус бахӕцыд ноджы фараст адӕймагыл – "Югосетпотребнадзор"
Афтӕ ма Гасситы Петр радзырдта тагъд ӕххуысы кусджыты тыххӕй дӕр, кӕцытӕ ӕрвыл суткӕ цӕуынц рынчынтӕм.

"Тагъд ӕххуысы дохтыртӕ цӕуынц рынчынӕй рынчынмӕ, ӕмӕ сын уый тыххӕй дзурын стыр бузныг. Ӕмӕ сыл уыцы рӕстӕджы вӕййы маскӕтӕ ӕмӕ ӕрмкъухтӕ, кӕцытӕ, сӕхи ныхӕстӕм гӕсгӕ, цалдӕр хатт ныхсынц. Уый раст нӕу. Нӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад хъуамӕ йӕ хъус уымӕ ӕрдара", - бафтыдта Гасситы Петр.

Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ сбӕрӕг кодтой 215 рынчыны коронавирусӕй, пандемийы райдайӕнӕй та 305 рынчыны.

Ног хабӕртты лентӕ
0