ЦХИНВАЛ, 22 окт – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ӕхсӕнадон бынӕттӕм нал ис гӕнӕн цӕуын ӕнӕ хъахъхъӕнӕн медицинон маскӕтӕй. Ахӕм скъуыддзаг рахаста Югосетпотребнадзор, фехъусын кодта уагдоны сӕргълӕууӕг Коцты Марина.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уагдоны кусджытӕ уадзынц рейдтӕ базарадон объекты, уыдон хицӕутты ӕмӕ кусджыты фӕдзӕхсынц маскӕйон режимы ӕнӕмӕнгхъӕуӕгдзинады тыххӕй.
"Фӕстаг хатт ма сӕ фӕдзӕхсӕм, сӕхӕдӕг дӕр маскӕты кӕй хъуамӕ кусой ӕмӕ ӕлхӕнджыты дӕр ӕнӕ маскӕтӕй кӕй ма уадзой, уый тыххӕй. Маскӕйы режим халыны тыххӕй уыдон хӕсдзысты бӕрндзинад", - загъта Коцты Марина.
Сӕйраг санитарон дохтыр ма банысан кодта социалон бӕрндзинады стыр нысаниуӕг дӕр, кӕцы хъуамӕ хӕсса алкӕцы адӕймаг дӕр.
"Мах ӕрмӕст уымӕй дӕр бирӕ фӕхуыздӕр кӕндзыстӕм уавӕр. Баххуыс кӕндзыстӕм нӕ дохтыртӕн, уымӕн ӕмӕ рекомендацитӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ къаддӕр адӕм рынчын кӕндзӕн", - бафтыдта уый.
Республикӕйы сӕхгӕдтой карантиныл скъолатӕ, ХИПУ ӕмӕ цалдӕр сабидоны, ӕдасдзинады мадзӕлттӕ райстой бюджетон организациты, кӕцыты ис коронавирусӕй рынчынтӕ.