Хуссар Иры медицинон уагдон сифтонг кӕндзысты туаггуырӕй

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры медицинон уагдон сифтонг кӕндзысты туаггуырӕй
Хуссар Иры медицинон уагдон сифтонг кӕндзысты туаггуырӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕртӕ тоннӕйы бӕрцуат уыдзӕн республикон бирӕпрофилон медицинон центры ӕмӕ ифтонг кӕндзӕн туаггуырӕй медуагдон

ЦХИНВАЛ, 22 окт - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны республикон бирӕпрофилон медицинон центры аскъуыддзаг кӕндзысты туагуыры проблемӕ, фехъусын кодта ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Тотчиты Георгий ПТРК-йы эфиры.

Туаггуыр ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у коронавирусӕй уӕззау рынчынтӕн рӕуджытимӕ проблемӕ аиварс кӕнынӕн.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы инфекцион хайады ис 29 пациенты пневмониимӕ, 17 сбӕрӕг ис коронавирус

"Ӕртӕ тоннӕйы бӕрцуат, кӕцы уыдзӕн республикон бирӕпрофилон медицинон центры ӕмӕ ифтонг кӕндзӕн туаггуырӕй медуагдон, сӕвӕрдзысты ног къуыри. Стӕй куыст райдайдзӕн туаггуыр палатӕтӕм уадзыныл", - загъта министр.

Уый ма банысан кодта, ацы фарстыл уыдон кӕй ӕмгуыст кӕнынц, фӕлтӕрддзинад кӕмӕн ис, ахӕм ӕхсӕнадӕмон организацитимӕ.

Тотчиты Георгий ма ӕрсидт хистӕр кары адӕммӕ, цӕмӕй гӕнӕн уӕвгӕйӕ сӕхи хизой ӕхсӕнадон бынӕттӕм цӕуынӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0