ЦХИНВАЛ, 23 окт — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй фондз ног рынчыны, фехъусын кодта Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг Коцты Марина.
Коронавирусимӕ уавӕр республикӕйы февзӕрдӕр Уӕрӕсеимӕ арӕн фондзмӕйон карантины фӕстӕ куы бакодтой, уӕд. Уӕдӕй фӕстӕмӕ республикӕйы коронавирусӕй фӕрынчын сты 277 адӕймаджы, пандемийы райдайӕнӕй та 367.
Сӕйраг санитарон дохтыры ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикон бирӕпрофилон медицинон центры хоскӕнынад цӕуынц COVID-19-ӕй 84 рынчыны.
"Хардзгӕнӕн ӕрмӕджытӕ нӕм ис. Кусӕм штатон режимы", - бафтыдта Коцты Марина.
Республикон бирӕпрофилон медицинон центры сывӕллӕтты рынчындоны ныр хос кӕнынц коронавирусӕй рынчынтӕ. Афтӕ ма Хуссар Ирыстоны ӕввахс рӕстӕджы сӕвӕрдзысты УФ Хъахъхъӕнынады министрады мобилон госпиталь коронавирусӕй рынчынтӕн.