Уӕрӕсейы боксы федераци ӕнхъӕлмӕ кӕсы Гасситы Мурӕты уӕлахизмӕ Нури Сефериимӕ тохы

© Sputnik / Владимир Трефилов /  Ахизын медиабанкмæУмар Кремлев
Умар Кремлев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гасситы Мурӕт фембӕлдзӕн албайнаг боксер Нури Сефериимӕ 31 октябры Сочийы. Ирон спортсменӕн уый уыдзӕн дебютон тох уӕззау уӕзы

ЦХИНВАЛ, 26 окт - Sputnik. Уӕрӕсейы боксы федерацийы генералон секретарь Умар Кремлев загъта йӕ хъуыды ирон боксер Гасситы Мурӕты тохы фӕдыл Нури Сефериимӕ.

Кремлев банысан кодта, Гасситы Мурӕтӕн кӕй уыдзӕн уӕззау ӕмӕ тӕссаг ныхмӕлӕууӕг.

"Мах ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ӕрмӕстдӕр уӕлахизмӕ. Фӕнды нӕ, цӕмӕй Мурӕт ногӕй рахиза стыр аренӕмӕ. Тӕссаг ныхмӕлӕууӕг йын ис. Мурӕт, сӕйраджыдӕр, уайтагъд хъуамӕ ма бахиза хылмӕ, фӕлӕ хъуамӕ архайа фидарзӕрдӕйӕ", - загъта Умар Кремлев.

Гасситы Мурӕты дебют уӕззау уӕзы ацӕудзӕн 31 октябры Сочийы. Тох слӕудзӕн шоу "Столото. Фестиваль бокса"-йы сӕргъ.

Ирон боксер Гасситы Мурӕт бахӕццӕ Ӕппӕтдунейон боксы суперсерийы финалмӕ, цы ран 2018 азы июлы фембылд украинӕйаг Александр Усикӕн. Финалон тохы фӕстӕ боксерӕн сарызтой операци йӕ уӕхскыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0