Хуссар Иры МХМ кусджытӕ сгарынц хӕцӕнгарз дарыны уавӕртӕ цӕрджыты хсӕн

© МВД РЮОХуссар Иры МХМ кусджытӕ сгарынц хӕцӕнгарз дарыны уавӕртӕ цӕрджыты хсӕн
Хуссар Иры МХМ кусджытӕ сгарынц хӕцӕнгарз дарыны уавӕртӕ цӕрджыты хсӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы бирӕ ӕмбӕстӕгтӕм, кӕцытӕ цӕрынц хъӕуты, ис хӕцӕнгӕрзтӕ, цӕмӕй сӕхи бахъахъхъӕной сырдтӕй

ЦХИНВАЛ, 28 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органтӕ уадзынц мадзӕлттӕ республикӕйы ӕмбӕстӕгты регистрацигонд хӕцӕнгарз дарыны уавӕртӕ басгарыны фӕдыл.

Хуссар Иры милици рӕстӕгмӕ ӕрурӕдтой столицӕйы цӕрӕджы ӕхсты тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры милици ӕрурӕдтой столицӕйы цӕрӕджы ӕхсты тыххӕй

Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй Знауыры районы мидхъуыддӕгты хайады рейдты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, фехӕлдтӕ не сбӕрӕг кодтой.

"Знауыры районы ис адӕм, кӕцытӕн ис бар дарын хӕцӕнгарз. Хӕцӕнгарз ӕдасӕй дарыны нысанӕн, ӕрдӕг аз иу хатт мах уадзӕм профилактикон басгӕрст. Кӕд искӕмӕн барлӕвӕрды документы ӕмгъуыд фӕвӕййы, уӕд ын йӕ хӕцӕнгарз байсӕм, цалынмӕ ног документ сараза. Барлӕвӕрды ӕмгъуыд у фондз азы", - радзырдта Знауыры районы мидхъуыддӕгты хайады фадыгон Къозонты Зураб.

Знауыры поселочы цӕрӕг Дзӕгъиаты Махарбег банысан кодта, хъӕуты зын кӕй у ӕнӕ хӕцӕнгарзӕй, уымӕн ӕмӕ фӕстаг рӕстӕджы фӕфылдӕр тугдзых сырдты нымӕц цӕрӕг пунктты цур.

МХМ бафтыдтой, зӕгъгӕ, хӕцӕнгарз дарыны уавӕртӕ басгарыны фӕдыл рейдтӕ уагъд цӕуынц иудадзыг. Хӕцӕнгарзы хицаумӕ хъуамӕ ӕнӕмӕнг уа сейф кӕнӕ згъӕрӕй скъапп, ӕмӕ йӕ дӕгъӕлтӕ хъуамӕ уой ӕрмӕстдӕр хӕцӕнгарзы хицаумӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0