Хуссар Ирыстоны йӕ цардӕй ахицӕн Стыр Фыдыбӕстон хӕсты ветеран

© Sputnik / Natalia Airiyan Магкоты Соня
Магкоты Соня - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ацы аз майы сӕ цардӕй ахицӕн сты Стыр Фыдыбӕстон хӕсты ӕртӕ ветераны, уыдонӕй дыууӕ амардысты Уӕлахизы боны

ЦХИНВАЛ, 28 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны 95-аздзыдӕй йӕ цардӕй ахицӕн Стыр Фыдыбӕстон хӕсты ветеран Магкоты Соня, фехъусын кодта Sputnik Ветеранты советы сӕргълӕууӕг Бесаты Вячеслав.

Хуссар Ирыстоны ацы аз сӕ цардӕй ахицӕн сты ӕртӕ ветераны – Кокойты Григорий, Джергаты Василий ӕмӕ Арболишвилий Александр. Джергаты Василий йӕ 100-азон юбилеймӕ нӕ фӕцард цалдӕр мӕйы. Ноджы ма иу хӕстон архӕйдтыты хайадисӕг Хуссар Ирыстонӕй йӕ цардӕй ахицӕн ис Санкт-Петербурджы, йӕ мӕрдон буар ын фӕстӕдӕр ӕрластой йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ.

"Нӕ ветеранты нымӕц бонӕй бонмӕ къаддӕр кӕны. Ветеранты совет тӕфӕрфӕс кӕны бирӕнымӕц паддзахадон хорзӕхты кавалер Магкоты Соняйы мӕлӕты фӕдыл", - загъта Бесаты Вячеслав.

Магкоты Соня райгуырд 1925 азы бирӕсывӕллонджын бинонты Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Хъодыбыны хъӕуы. 1943 азы фӕцис медицинон ахуыргӕнӕндон ӕмӕ йӕм фӕдзырдтой кусынмӕ эвакогоспитальмӕ, кӕцы уыд цхинвайлаг ӕртыккӕгӕм скъолайы.

Хуссар Ирыстоны баззад Стыр Фыдыбӕстон хӕсты ӕрмӕстдӕр фараст ветераны.

Ног хабӕртты лентӕ
0