Днестргӕроны ФХМ сӕрдар ӕрдзырдта Хуссар Иры минӕваримӕ ацы азы хатдзӕгтыл

© Пресс-служба МИД ПМРВиталий Янковский
Виталий Янковский - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Днестргӕроны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Виталий Игнатьев фембӕлд Хуссар Ирыстоны официалон минӕварады сӕргълӕууӕг Виталий Янковскиимӕ

ЦХИНВАЛ, 29 окт - Sputnik. Днестргӕроны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕууӕг Виталий Игнатьев ӕрдзырдта Хуссар Ирыстоны минӕвар Виталий Янковскиимӕ 2020 азы иумӕйаг куысты развӕлгъау хатдзӕгтыл.

Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг ауагъта онлайн-фембӕлд йӕ коллегӕимӕ Днестыргӕронӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг ауагъта онлайн-фембӕлд йӕ коллегӕимӕ Днестргӕронӕй

"Днестргӕроны ФХМ сӕргълӕууӕг саргъ кодта хӕларадон республикӕты минӕварадтӕн ӕмӕ ӕддагполитикон уагдӕттӕн нывты дыккаг Ӕхсӕнадӕмон конкурс "Абхазия, Южная Осетия и Приднестровье: наследники Великой Победы"-йы организацийы тыххӕй", - дзырдӕуы Днестыргӕроны ФХМ хъусинаджы.

Игнатьев ма хорз саргъ кодта дыууӕварсон ӕмархайдӕн пандемийы уавӕрмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ.

Афтӕ ма, дипломаттӕ ӕрдзырдтой ӕмгуыстады перспективон здӕхтытыл ӕввахс рӕстӕгмӕ. Хицӕнӕй ныхас цыд Днестргӕроны официалон минӕварады куыстыл Хуссар Ирыстоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0