ЦХИНВАЛ, 30 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрады рӕстӕгмӕдарӕн изоляторы хисӕрмагонд сконд ӕмӕ ахӕсттӕн сарӕзтой тестытӕ коронавирус рабӕрӕг кӕныны тыххӕй. 28 тестӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг разынд 22-йӕн, хъусын кӕны майрӕмбоны барадхъахъхъӕнӕг уагдоны пресс-службӕ.
МХМ медико-санитарон хайады сӕргълӕууӕг Мӕргъиты Георгийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, рынчынтӕн сарӕзтӕуыд рӕуджыты компьютерон томографи, кӕцы изоляторы ӕртӕ ахӕстӕн равдыста пневмони. Коронавирусӕй рынчынты схуыссын кодтой Дзауы районон рынчындоны. Уым сӕ хъахъхъӕнынц РДИ ӕмӕ МСНК кусджытӕ.
"Пациенттӕй иу у уӕззаудӕр, дыууӕ вирус фӕразынц рогдӕр. Уыдон цӕуынц ӕмбӕлон хоскӕнынад. Рынчынты уавӕр иууылдӕр у рӕстӕмбис", - загъта Мӕргъиты Георгий.
Уый ма бафтыдта, РДИ ахӕсттӕ ӕмӕ хисӕрмагонд сконд ӕрвылбон дӕр кӕй цыдысты басгӕрст, нысан сын уыдысты вирусы ныхмӕ ӕмӕ симптоматикон хоскӕнынад, афтӕ ма витаминотерапия дӕр.
Санитарон-эпидемиологон уавӕры февзӕрдӕры фӕдыл республикӕйы мидхъуыддӕгты министрады хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Пухаты Мераб бахӕс кодта МХМ медико-санитарон хайадӕн ӕппынӕдзух уадзын эпидемийы ныхмӕ мадзӕлттӕ уагдоны, хъус дарын кусджыты ӕмӕ ахӕстты уавӕрмӕ.