https://sputnik-ossetia.com/20201030/Urseyag-fsddont-sdezinfektsi-kodtoy-Tskhinvaly-uyngt-m-bazaradon-obektt-11353589.html
Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтæ сдезинфекци кодтой Цхинвалы уынгтæ æмæ базарадон объекттæ
Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтæ сдезинфекци кодтой Цхинвалы уынгтæ æмæ базарадон объекттæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Уазӕг специалисттӕ сӕ куыст сцайдагъ кодтой цыппӕрӕмы. Фыццаг уал сӕ хъусдарды бын уыдысты Цхинвалы дыууӕ сӕйраг магистраль - Сталины уынг ӕмӕ Джиоты Аланы... 30.10.2020 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2020-10-30T11:35+0300
2020-10-30T11:35+0300
2020-10-30T11:41+0300
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/0a/1e/11353189_0:0:3622:2048_1920x0_80_0_0_893aea3002d3c979640bd747cf3ae6cc.jpg
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2020
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/0a/1e/11353189_0:0:3258:2048_1920x0_80_0_0_767e3a84f3140975c43e8e2c6a38ff35.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтæ сдезинфекци кодтой Цхинвалы уынгтæ æмæ базарадон объекттæ
11:35 30.10.2020 (Ранӕуӕггонд: 11:41 30.10.2020) Уазӕг специалисттӕ сӕ куыст сцайдагъ кодтой цыппӕрӕмы. Фыццаг уал сӕ хъусдарды бын уыдысты Цхинвалы дыууӕ сӕйраг магистраль - Сталины уынг ӕмӕ Джиоты Аланы проспект. Майрӕмбоны ӕрцыд Хъайтары уынджы рад
ЦХИНВАЛ, 30 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Уӕрӕсейаг ӕфссӕдон-быдырон госпиталы санитарон къорд пырх кӕнын сӕрмагонд ӕрмӕгӕй Хуссар Ирыстоны столицӕйы уынгтӕ.
Уазӕг специалисттӕ сӕ куыст сцайдагъ кодтой цыппӕрӕмы. Фыццаг уал сӕ хъусдарды бын уыдысты Цхинвалы дыууӕ сӕйраг магистраль - Сталины уынг ӕмӕ Джиоты Аланы проспект. Майрӕмбоны ӕрцыд Хъайтары уынджы рад.
Сӕумӕрайсом ӕфсӕдонты уӕзласӕн хӕдулгӕтӕ ирон ӕмӕ уӕрӕсейаг тырысатимӕ, автоинспекцийы хӕдтулгӕты ӕрхъулайӕ сӕ балц райдыдтой горӕты стадионы цурӕй.
Сӕрмагонд таддаг пырх цыд асфальты уӕлцъарыл, фонтаны пырхӕнты бын-иу фесты фӕндаггӕрон лӕууӕг хӕдтулгӕтӕ.
"Рынчындоны тӕф кӕнын горӕт. Иутӕ хъаст дӕр кӕнынц, ома ацы дезинфекци хъыг кӕны ӕнӕниздзинадӕн. Фӕлгӕ ныртӕккӕ уыцы бынаты не стӕм, цӕмӕй ӕвзарӕм. Ӕрмӕст нын ацы вирус фӕсурӕт",- загъта горӕты цӕрӕг Заира.
Сабаты ӕфсӕддонтӕ фӕнд кӕнынц сӕ куыст адарддӕр кӕнын Цхинвалы, уӕд та сӕ хъусдарды бын уыдзӕн рог сӕудӕджерады объект - БТК.
Хуссары Ирыстоны фӕстаг мӕй фӕкарздӕр ис коронавирусы фӕдыл уавӕр. Медкластеры объекттӕ рынчынтыл кӕй нал ӕххӕссынц, уымӕ гӕсгӕ республикӕйы размынад ракуырдта ӕххуыс Уӕрӕсейӕ. Дыццӕджы ӕфсӕддон-быдырон госпиталь ӕрхӕццӕ Цхинвалмӕ.