Вирусимӕ тох райдыдта. Куыд ацыд ковид-госпиталы фыццаг бон Цхинвалы - видео

Рафыссын
Уӕрӕсейаг мобилон бирӕпрофилон госпиталь цыппӕрӕмы бавгӕлдта куыстмӕ Хуссар Ирыстоны. Куыд ацыд сӕ фыццаг бон вирусимӕ тохы, цал пациенты райстой ӕмӕ цы фадӕттӕ ис быдырон рынчындонӕн – бакӕсут нӕ видеоӕрмӕджы

Госпиталь айтыгътой Хуссар Ирыстоны сӕйраг горӕты республикон стадионы территорийыл. Ам ифтонг ӕрцыдысты исӕн, госпиталон, инфекцион, санитарон-эпидемиологон хайӕдтӕ, афтӕ ма анестезиологи ӕмӕ реанимации, лаборатории иртӕстытӕ уадзнӕн ӕмӕ анализты диагностикӕйӕн. Госпиталы ис нырыккон медицинон ифтонгад.

Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ стыр ныфс ӕвӕрынч ацы госпиталь ӕмӕм уӕрӕсейаг дохтыртӕй.

Хуссар Ирыстоны октябры сытынг ис инфекции, мӕйы кӕронмӕ коронавирус бахӕцыд 769 адӕймагыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0