Хуссар Иры сӕйраг инфекционист радзырдта РБМЦ "сырх зонӕты" уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Коронавирусимӕ пациенттӕ хос кӕнынц республикон бирӕпрофилон медцентры (РБМЦ) инфекцион хайад ӕмӕ сывӕллӕтты рынчындоны, кӕцыйы рацарӕзтой COVID-19 ныхмӕ тохӕн

ЦХИНВАЛ, 2 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны медицинон уагдӕтты коронавирусӕй хос кӕнынц 196 пациенты, уыдонӕй дӕс сты уӕззау уавӕры, фехъусын кодта къуырисӕры республикӕйы сӕйраг инфекционист Джиоты Элеонора.

Хуссар Ирыстоны сӕвзӕрд ввазыгджын уавӕркоронавирусы апарахатимӕ. Сентябрӕй нырмӕ коронавирус бахӕцыд 800 адӕймагыл, уыдонӕй иуӕндӕс амардысты.

"Абон райсоммӕйы (2 ноябры) бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, РБМЦ корпусты ис 196 адӕймаджы. Уыдонӕй 62 хос кӕнынц инфекцион хайады, 134 – сывӕллӕтты рынчындоны. Дӕс адӕймаджы сты уӕззау уавӕры", – загъта  Джиоты Элеонора.
Дохтыр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 137 ног рынчыны

Уый банысан кодта, фӕстаг суткӕйы сӕм кӕй ӕрбахаудта 16 рынчыны, ноджы ма 14 та рафыстой хӕдзармӕ дохтырты рекомендацитимӕ.

"Иу пациенты арвыстам Дзӕуджыхъӕумӕ. Иу 60-аздзыд сылгоймаг та фӕзиан ис. Коронавирусӕй дарддӕр ма уымӕн уыд гипертонии, зӕрдӕниз ӕмӕ сӕкӕрниз", – бафтыдта инфекционист.

Раздӕр куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй 31 пациенты та хоскӕнынад цӕуынц уӕрӕсейаг бирӕпрофилон госпиталы, кӕцы ӕрцыд республикӕмӕ октябры кӕрӕтты коронавирусы апарахаты тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0