Цхинвалы скуыста рагон ирон музыкалон инструментты ӕрмадз

© Sputnik / Наталья Айриян"Къона"
Къона - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цехы йӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕр кӕны Гаглойты Алан йӕ цӕгатирыстойнаг хӕлар ӕмӕ коллегӕДеметы Зауыры ӕххуысӕй. Лӕппутӕ уырнын кӕнынц, ам ӕппӕт ирон инструменттӕ дӕр кӕй гуырдзысты 

ЦХИНВАЛ, 2 ноя – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ӕвзонг техникты станцы бындурыл бакодтой рагон ирон музыкалон инструменттӕ аразыны ӕрмадз. Хатӕны ныр мӕйы дӕргъы йӕ арӕхстдзинад хуыздӕр кӕны цехы фысым Гаглойты Алан.

Ӕрмадзы нысан у рагон ирон музыкалон инструменттӕн ног цард раттын. Ам ахуыр кӕндзысты куыд инструменттӕ аразын, афтӕ сыл цӕгъдын дӕр. Гаглойты Алан йӕ фыццаг къахдзӕфтӕ аразы йӕ коллегӕ ӕмӕ хӕлар Деметы Зауыры ӕххуысӕй.

"Дыккаг мӕй кусӕм, нырма уал аразӕм дала-фӕндыр. Ӕххуыс мын кӕны мӕ хӕлар, уый йӕхӕдӕг бакодта раздӕр ӕрмадз Цӕгат Ирыстоны, Тарскӕйы. Йӕ архайд схонӕн ис куыд мастер-класстӕ. Иу мӕйы дӕргъы ӕрцыд ныр ӕртӕ хатты", - загъта Sputnik Гаглойты Алан. 

Цхинвалы рагон ирон музыкалон инструментты ӕрмадз бакӕнын хъуыды Аланмӕ фӕзынд цалдӕр азы размӕ, лӕппу ацы проект бацӕттӕ кодта фӕсивӕдон форуммӕ. Гранты фӕрӕзты фӕрцы бантыст бакӕнын ӕрмадз.

© Sputnik / Фатима ПлиеваДеметы Зауыр ӕмӕ Гаглойты Алан
Цхинвалы скуыста рагон ирон музыкалон инструментты ӕрмадз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Деметы Зауыр ӕмӕ Гаглойты Алан

"Мӕн дӕр фӕндыд саразын ацы ӕрмадз Хуссар Ирыстоны, фӕлӕ бантыст саразын Аланӕн. Ӕз ӕрцӕуын ӕмӕ  йын мӕ фӕлтӕрддзинад амонын. Мӕхӕдӕг кусын мӕ райгуырӕн хъӕу Тарскӕйы. Цы кусын, уыцы рӕстӕг рагон цӕгъдӕн ӕрмӕг ссис популярон. Цӕгат Иры музыкалон ахуыргӕнӕндӕттӕ ӕмӕ оркестртӕн сӕ фылдӕр заказ кӕнынц инструменттӕ махмӕ", - загъта Деметы Зауыр.

Ацы фӕсивӕд этнокультурӕмӕ сӕ хъусдард аздӕхтой, ивгъуыды популярон къорд "Къона"-имӕ фембӕлды фӕстӕ.

Ирон рагон музыкалон инструменты нымӕцы сты: дыууадӕстӕнон, хъисын-фӕндыр, дала-фӕндыр, хъандзал-фӕндыр, дала, уадындз, уасӕн, лалым-уадындз, хъырнӕг-фӕндыр, къӕрцгӕнӕнтӕ ӕмӕ фидиуӕг. Лӕппутӕ уырнын кӕнынц, тагъд ацы ӕрмӕг иууылдӕр арӕзт кӕй цӕуыдзысты ӕрмадзы.

 

 

Ног хабӕртты лентӕ
0