Уӕрӕсейы Ныгуылӕйнаг ӕфсӕддон зылды медиктӕ дарддӕр исынц пациенты мобилон бирӕпрофилон госпиталы, кӕцы айтыгътой Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй рынчынтӕн хос кӕныны тыххӕй.
"Ныртӕккӕ госпиталы ис 33 рынчыны – Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕ, кӕцытӕ ис ног коронавирусон инфекцийы диагноз. Уыдон цӕуынц хоскӕнынад ӕппӕт гуырахстӕй", - радзырдта госпиталы къухдариуӕггӕнӕг Расул Муртазалиев.
Госпиталь айтыгътой Хуссар Ирыстоны сӕйраг горӕты республикон стадионы территорийыл. Ис дзы нырыккон медицинон ифтонгад. Ам ифтонг ӕрцыдысты исӕн, госпиталон, инфекцион, санитарон-эпидемиологон хайӕдтӕ, афтӕ ма анестезиологи ӕмӕ реанимации, лаборатории иртӕстытӕ уадзнӕн ӕмӕ анализты диагностикӕйӕн.