Ӕнӕнизтӕ – кусгӕ: Хуссар Иры медиктӕн бӕрӕг кӕнынц коронавирусы уӕвынад

© Sputnik / Диана КозаеваТотчиты Георгий
Тотчиты Георгий  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уагдоны ӕххӕст кӕнынц президенты хӕслӕвӕрд, кӕцы эпидемийы абарста тохы быдыримӕ, коронавирусӕй рынчынты хос кӕнынӕй сӕхи цы медиктӕ ӕмбӕхсынц, уыдоны та рахуыдта дезертиртӕ

ЦХИНВАЛ, 3 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны министрад аразы тесттӕ дохтыртӕ ӕмӕ ӕндӕр медицинон кусджытӕн, кӕцытӕ райстой низ бӕрӕггӕнӕн бюллетеньтӕ. Ӕппӕрццаг фӕстиуӕг кӕй тесттӕ равдисой, уыдон рахиздзысты куыстмӕ ӕмӕ ӕххуыс кӕндзысты рынчынтӕн, загъта журналисттӕн ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Тотчиты Георгий.

Къуырисӕры оперативон штабы рабадтыл президент Бибылты Анатолий бахӕс кодта сбӕлвырд кӕнын информаци медикты тыххӕй, кӕцытӕ тӕрсынц, вирус сыл куы бахӕца, уымӕй ӕмӕ нӕ хизынц куыстмӕ. Уый бахӕс кодта Тотчиты Георгийӕн ахӕм дохтырты сисын сӕ бынӕттӕй.

"Медперсоналӕн фӕстаг дыууӕ боны сарӕзтӕуыд 85 тесты, уыдоны 65 проценты равдыстой низы нӕуӕвынад. Уыцы медиктӕ хъуамӕ рахизой куыстмӕ ӕмӕ райдайой сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын", – загъта министры х. ӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, кусджыты дефицит баст у уыимӕ, ӕмӕ дохтыртӕ дӕр кӕй фӕрынчын вӕййынц иннӕ адӕмау. Уымӕ гӕсгӕ, министрад архайы арбангом кӕнын ӕппӕт ресурстӕ дӕр, цӕмӕй уавӕр чысыл рараст кӕной.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фӕуд кӕнынц хостӕ коронавирусӕй рынчынтӕн – Тотчиты Георгий

"Махмӕ ис серьезон проблемӕ анестезиолог-реанимацион кусджытимӕ. Республикӕйы ис цъус анестезиологы, ӕдӕппӕтӕй дзы сӕ куыст кӕнынц ӕрмӕстдӕр ӕхсӕз адӕймаджы. Уыдон дӕр, афтӕ ма терапевттӕ, инфекционисттӕ не ‘ххӕссынц сӕ куыстыл. Мобилизацигонд ӕрцыдысты нӕ ресурстӕ иууылдӕр", – загъта Тотчиты Георгий.

Уый ма иу хатт ӕрсидт цӕрджытӕм, цӕмӕй ӕххӕст кӕной дохтырты рекомендацитӕ ӕмӕ сӕхи хъахъхъӕной, цӕмӕй ӕруромой низы дарддӕры парахат.

Ног хабӕртты лентӕ
0