Хуссар Ирыстоны иу суткӕмӕ коронавирус сбӕрӕг кодтой 63 адӕймагӕн

© Sputnik / Алексей Майшев /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Пандемийы райдайӕнӕй коронавирусӕй фӕрынчын сты 1141 адӕймаджы, уыдонӕй 1051 – Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ

ЦХИНВАЛ, 4 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны иу суткӕмӕ коронавирус сбӕрӕг кодтой 63 адӕймагӕн. Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ республикӕйы COVID-19-ӕй фӕрынчын сты 1051 адӕймаджы, фехъусын кодта Sputnik сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Коронавирусы пандемийы райдайӕнӕй республикӕйы сарӕзтой аст мин басгӕрстӕй фылдӕр.

"167 тестӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг радтой 63 басгӕрсты", - загъта Коцты Марина.

Республикӕйы медицинон уагдӕтты хоскӕнынад цӕуынц 231 рынчыны, уыдонӕй 38 – районон рынчындӕтты, аннӕтӕ та Цхинвалы РБМЦ инфекцион ӕмӕ сывӕллӕтты хайады.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ивгъуыд суткӕйы коронавирусӕй амардысты дыууӕ адӕймаджы

"Коронавирусӕй сӕнӕниз сты 83 адӕймаджы, уыдонӕй 11 систой хыгъдӕй ивгъуыд суткӕйы. Ныртӕккӕ медикты хыгъды сты 968 рынчыны. Бирӕ адӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц дыккаджы тестты фӕстиуджытӕм, мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уыдонӕй бирӕты сисдзысты хыгъдӕй ӕмӕ сӕ рафысдзысты стационартӕй", - бафтдыта Коцты Марина.

Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй рынчынты нымӕц фылдӕр кӕнын райдыдта 15 сентябры Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ. Уый размӕ республикӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ иууылдӕр хъуамӕ рацыдаиккой ӕнӕмӕнг дыууӕкъуырион карантин. Ацы мадзалы руаджы Хуссар Ирыстоны фондз мӕймӕ сбӕрӕг кодтой ӕрмӕстдӕр 90 рынчыны коронавирусӕй. Карантины фӕстӕ республикӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй иу мин рынчынӕй фылдӕр, 14 адӕймаджы амардысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0