Хуссар Ирмӕ ӕрхӕццӕ Дзӕуджыхъӕуы ӕххуыс - хостӕ ӕмӕ туаггуыр

© Sputnik / Сергей Аверин /  Ахизын медиабанкмæХуссар Ирмӕ ӕрхӕццӕ Дзӕуджыхъӕуы ӕххуыс - хостӕ ӕмӕ туаггуыр
Хуссар Ирмӕ ӕрхӕццӕ Дзӕуджыхъӕуы ӕххуыс - хостӕ ӕмӕ туаггуыр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалмӕ гуманитарон ӕххуыс арвитыны скъуыддзаг цӕгатирыстойнаг къухдариуӕгад райста регионы сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав ӕмӕ президент Бибылты Анатолийы телефонон ныхасы фӕстӕ

ЦХИНВАЛ, 5 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны рынчындонмӕ рхӕццӕ сты медикаменттӕ, кӕцытӕ гуманитарон ӕххуысы фӕлгӕтты рахицӕн кодта Цӕгат Ирыстоны къухдариуӕгад. Коронавирусы апарахаты фӕдыл сӕвзӕргӕ уӕззау уавӕрыл ӕрдзырдтой телефоны Бибылты Анатолий ӕмӕ Битарты Вячеслав.

Дзӕуджыхъӕу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Ир баххуыс кӕндзӕн Хуссар Ирӕн хостӕ ӕмӕ туаггуырӕй COVID-19-ӕн хос кӕнынӕн

Ныхасы фӕстӕ РЦИ-А сӕргълӕууӕг бахӕс кодта арвитын COVID-19 хос кӕнын ӕмӕ профилактикӕйӕн медикаменттӕ, афтӕ ма медицинон туаггуыр.

Бибылты Анатолий загъта бузныг цӕгаттаг ӕфсымӕртӕн ахӕм оперативон ӕххуысы тыххӕй.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны министры х.ӕ. Тотчиты Георгий куыд фехъусын кодта, республикӕмӕ ӕрластой препараттӕ Дексаметазон – 1000 ампулӕйы, Гепарин – 1200 ампулӕйы, Артлегиа (олокизумаб) – 30 таддаджы, афтӕ ма 50 баллоны туаггуыримӕ.

"Ацы препараттӕ дих ӕрцӕудзысты республикӕйы рынчындӕттыл. Стыр бузныг цӕгатирыстойнаг коллегӕтӕн ахӕм ӕххуысы тыххӕй", - загъта Тотчиты Георгий.

Президенты пресс-службӕйы куыд радзырдтой, афтӕмӕй цыппӕрӕмы Бибылты Анатолий радта рынчындонмӕ ноджы Гепарины иу парти - 1200 ампулӕйы, кӕцы у ӕнӕмӕнгхъӕуӕг коронавирусӕн хоскӕнынадӕн. Национ банк та радта рынчындонӕй авд бактерицидон рециркуляторы уӕлдӕф сыгъдӕг кӕнынӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0