ЦХИНВАЛ, 5 ноя - Sputnik. Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны волонтертӕ ӕххуыс кӕнынц республикон бирӕпрофилон медицинон центры "сырх зонӕтӕ"-тӕм медицинон туаггуыры баллонтӕ хӕссын. Коронавирусы апарахаты фӕстиуӕгӕн фӕстаг рӕстӕджы ӕрвылбон фылдӕр кӕны рынчындоны туаггуыры хӕрдзтӕ.
РБМЦ-йы инфекцийы хайад ӕмӕ сывӕллӕты рынчындон, кӕцы рацарӕзтой коронавирусӕй рынчынтӕн, иумӕ суткӕ хардз кӕны 180 баллон туаггуыр. Уымӕн ӕрмӕст йӕ иу хай цӕуы комкоммӕ линийыл, аннӕ хӕссынц къухӕй баллонты, сӕ иуы уӕз у 89 кг.
"Уавӕр у тынг уӕззау, фӕлӕ нын ӕххуыс кӕныныц. Хъахъхъӕнынады министрад, прокуратура ӕмӕ волонтертӕ нӕм цӕуынц ӕххуысмӕ, ӕхсӕв дӕр. Раздӕр 100 баллон фаг кодта, ныр та хъӕуы 180", - загъта туаггуыры хайады хистӕр Цхуырбаты Василий.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕхи тыхтӕй уыдон сӕ куыстыл нӕ аххӕссыдаикой.
"Ӕхсӕз кусӕджы архайынц, фӕлӕ куысты гуырахст стыр у. Сывӕллӕтты рынчындоны дыккаг уӕладзыгмӕ, кӕцыйы нӕй лифт, хъӕуы ӕрвылбон хӕссын 40 баллоны", - бафтыдта уый.
Цыппӕрӕмы ӕххуысмӕ бацыдысты прокуратурӕйы кусджыты стыр къорд.