Транскамы цӕгатирыстойнаг фадыгыл фидар кӕнынц зӕйты ныхмӕ галерей

© Photo : Росавтодор.Транскамы цӕгатирыстойнаг фадыгыл фидар кӕнынц зӕйты ныхмӕ галерей
Транскамы цӕгатирыстойнаг фадыгыл фидар кӕнынц зӕйты ныхмӕ галерей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Куыстытӕ цӕуынц федералон автотрассӕ А-164 зӕйцӕуӕн бынӕтты (Хуссар Ирыстоны арӕны цур) арӕзтӕдты капиталон цалцӕджы фӕлгӕтты

ЦХИНВАЛ, 11 ноя — Sputnik. Транскавказаг автомагистралы цӕгатирыстойнаг фадыгыл фидар кӕнынц быцӕугӕнӕн систӕй зӕйты ныхмӕ галерей, хъусын кӕны "Росавтодор"-ы сайт.

Нысан куыд цӕуы, афтӕмӕй къултӕ сфидар кӕныны тыххӕй амад ӕрцыд сис 350 дондзӕджындзӕй. Арӕзтады дӕргъ у 270 метры онг.

"Капиталон цалцӕггӕнӕн куыстытӕ адарддӕр уыдзысты 2021 азы уалдзӕджы дӕр – раивдзысты фӕндаджы уӕлцъар, дыууӕполосӕйон фӕндаг бамбӕрздзысты уӕззау бетонӕй. Афтӕ ма дзы сӕвӕрдзысты вентиляции, автоматикон ифтонгад ӕмӕ зынгсирвӕзтты ныхмӕ сигнализации, сцалцӕг кӕндзысты инженерон хызӕгтӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Паддзахадон контрактмӕ гӕсгӕ, 800 метры дӕргъӕн ӕмӕ 4,5 метры бӕрзӕндӕн нырыккон ӕмӕ ӕдас галерей эксплуатацимӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн 2022 азы декабры.

Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ. Ӕрвылбон дӕр ацы фӕндагыл рацӕуы 8 мины онг машинӕйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0