"Ӕнӕмӕнг хъӕуынц психологтӕ": волонтер "сырх зонӕ"-йы тыххӕй Цхинвалы

© Sputnik / Наталья АйриянГабайты Зӕлинӕ
Габайты Зӕлинӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дохтыр ӕмӕ психолог, коронавирусы апарахаты рӕстӕджы та сывӕллӕтты рынчындоны волонтер Габайты Зӕлинӕ радзырдта Sputnik, куыд ивы уавӕр Цхинвалы "сырх зонӕ"-ты ӕмӕ ӕнӕмӕнг цӕмӕн хъӕуынц психологтӕ

- Зӕлинӕ, кӕд сфӕнд кодтай бацӕуын, Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй рынчынтимӕ чи архайы, уыдонмӕ ӕххуысмӕ?

- Мӕ фыд бахауд реанимацимӕ. Уым уавӕр хуыздӕр уыд, медикты нӕ хъуыд ме 'ххуыс, ӕмӕ-иу ӕрбацыдтӕн Сывӕллӕтты рынчындоны дыккаг уӕладзыгмӕ ӕххуысмӕ. Адӕм сӕ хызынтыл бадтысты коридорты. Иу медхойы бӕрны уыд ӕнахуыр бирӕ рынчыны, кӕцытӕн хъуыд ӕвӕрын капельницӕтӕ ӕмӕ судзинтӕ аразын, ӕз та уыдонмӕ арӕхсын. Уыд дзы волонтертӕ, кӕцытӕ дард сты медицинӕйӕ, фӕлӕ ӕххуыс кодтой сӕ бон куыд кодта афтӕ.

Уӕдӕй нырмӕ рацыд 10 бонмӕ ӕввахс, "Сырх зонӕ"-йы уавӕр фӕхуыздӕр ис. Кусджытӕ фылдӕр ис. Стабилондзинад фӕзынд. Волонтертӕн дӕттынц хъахъхъӕнӕн костюмтӕ, мӕнӕн уый мидӕг кусын зын у, стӕй рынчын дӕр уыдтӕн ӕмӕ кусын айдагъ маскӕйы.

- Фӕстаг рӕстӕджы арӕх фӕдзурынц "сырх зонӕ"-йы психологты хъуагдзинадыл. Дӕхӕдӕг дӕр фыстай ацы проблемӕйы тыххӕй дӕ фарсыл Фейсбукы. Цӕмӕн ӕрцыдтӕ ахӕм хъуыдымӕ? 

- Коронавирусы низы симптомтӕй иу у паникӕ. "Сырх зонӕ"-мӕ фыццаг бон куы ӕрбацыдтӕн, уӕд дзы азмӕлӕнтӕ нӕ уыд. 

Гаглойты Таира  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хӕрзаудӕн фонд "Мах ныфс" уары хостӕ коронавирусӕй рынчынтӕн Цхинвалы

Психологты ӕххуыс мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, куы федтон ӕвзонг адӕмы 37,4 градусы температурӕ ӕмӕ хъуыры чысыл хъыгдардимӕ, кӕцытӕн сӕрибарӕй сӕ бон уыд хос кӕнын хӕдзары, фӕлӕ бацахстой бынат рынчындоны. Ӕмбарын ӕй, ӕфсон нӕ кодтой. Уыдон уыдысты тасы бын. Хъуыд сӕ психологон ӕххуыс.

Тынг хорз уаид, куы фӕзынид психологон ӕххуысы телефоны лини. Рынчындоны фенын ӕрмӕст Хъӕцмӕзты Иринайы, кӕцы "сырх зонӕ"-йы ис, фӕлӕ психологы хуызы нӕ. Уый кӕны ӕфснайгӕ, фӕлӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ рынчынты фарсмӕ ӕрбады ӕмӕ фӕхуыздӕр вӕййынц.

Иумӕйагӕй сисгӕйӕ дӕр уавӕр фӕхуыздӕр ис. Фӕкъаддӕр сты рынчынтӕ, ныр дӕр дзы ис коридорты, фӕлӕ куыддӕр ӕмбӕлон уагыл. 

Ацы уӕладзыджы къуырийы размӕ адӕм уыдысты тасы, ныр та сабырӕй сӕхицӕн телевизормӕ кӕсынц. Ӕвзонг чызджы уый размӕ федтон кӕугӕ, тарст мӕлӕтӕй, уый дӕр ныр сабырӕй бады. Бирӕ дзы ис рынчынтӕ 35 азы кары онг.

- Хуссар Ирыстоны ис фаг психологтӕ, кӕцытӕ бакусой рынчынтимӕ?

- Психологтӕ республикӕйы ис, ӕгас факультет ис ХИПУ-йы. Хӕсты фӕстӕ егъау къордӕй райстам ног квалификаци. Рауль Валленбергы номыл сӕрмагонд психологи ӕмӕ педагогикайы институт ӕмӕ институт "Гармония" уагътой ахуыртӕ ам. Уыдон амыдтой, куыд хъӕуы рахизын кӕнын адӕмы стрессон ӕмӕ фӕстравмӕйон уавӕртӕй. 

Дыууӕ азы дӕргъы куыстой немӕ, дыууӕ гӕххӕтты нын радтой - иу дзы у психологон консультацитӕ, аннӕ та травмӕимӕ куыст.

18 адӕймаджы райстой ахуырад, уыдон ныртӕккӕ психологтӕй нӕ кусынц, фӕлӕ ӕнӕ уый  ӕххуыс кӕнынц бахъуыды рӕстӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0