ЦХИНВАЛ, 13 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) рӕстӕгмӕдарӕн изоляторы кусджытӕ ӕмӕ ахӕстты рафыстой Дзауы районы рынчындонӕй, цы ран уыдон дыууӕ къуырийы дӕргъы хос кодтой коронавирусӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы МХМ пресс-службӕ.
МХМ медико-санитарон хайады хистӕр Мӕргъиты Георгийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, дыккаджы тесттӕ равдыстой ӕппӕрццаг фӕстиуджытӕ.
Октябры кӕрӕтты рӕстӕгмӕдарӕн изоляторы кусджытӕ ӕмӕ ахӕсттӕн сарӕзтой тесттӕ коронавирусы фӕдыл, 28 тестӕй 22 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Рынчынтӕ рацыдысты компьютерон томографи, уыдонӕй ӕртӕйӕн сбӕрӕг кодтой пневмони. Коронавирусӕй рынчынты бакодтой Дзауы районы рынчындонмӕ, рӕстӕгмӕдарӕн изоляторы та ауагътой дезинфекци.