ЦХИНВАЛ, 16 ноя — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ӕрӕмбырд кодтой ӕхсӕз милуан сомӕй фылдӕр фарастаздзыд Цаллаты Давиды хоскӕнынадӕн, кӕцыйыл тыхдымгӕйы рӕстӕджы июны рафӕлдӕхт бӕлас.
15-й Регион, куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй сывӕллон уӕд райста сӕры магъзы уӕззау травмӕ. Бынӕттон реаниматологты фӕрцы лӕппу аирвӕзт, фӕлӕ йӕ ныр хъӕуы серьезон реабилитации.
Посмотреть эту публикацию в Instagram
Схос кӕнынӕй рынчын сывӕллонӕн ныфсытӕ бавӕрдтой испайнаг клиникӕйы. Фӕлӕ реабилитации рацӕуыны бӕрц у 7,5 милуан сомы.
"Хуымӕтӕг, фӕлӕ кӕрӕдзи къухтыл ӕнгом хӕцӕг ирыстойнаг цӕрджытӕ, афтӕ ма райгуырӕн бӕстӕйӕ дард цӕрӕг адӕм ӕрӕмбырд кодтой 6 милуан 146 мин сомы. Иннӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг суммӕ та баххӕст кодтой ӕбӕрӕг хӕрзгӕнджытӕ – уыдоны нӕ бафӕндыд сӕхи раргом кӕнын. Къуырийы разм нын бӕлицц цы уыд, уый абон сӕххӕст ис", - ныффыстой сывӕллоны ныййарджытӕ социалон хызӕджы Instagram.
Ӕрӕмбырдгонд ӕхцаты фӕрцы лӕппу рацӕудзӕн хоскӕнынад, уый фӕстӕ та дӕргъвӕтин реабилитации испайнаг клиникӕйы.