ЦХИНВАЛ, 17 ноя - Sputnik. Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады ковид-госпиталы Цхинвалы стационарон хоскӕнынад цӕуынц 50 пациентмӕ ӕввахс, хъусын кӕны УФ Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.
Уагдоны банысан кодтой, ӕфсӕддон бирӕпрофилон госпиталы хоскӕнынад кӕй рацыдысты ӕдӕппӕт иу мин пациенты.
Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады мобилон госпиталь сӕвӕрдтой Хуссар Ирыстоны республикӕйы къухдариуӕгады ракуырдӕй, цӕмӕй ӕххуыс кӕной тох кӕнын коронавирусон инфекцийы ныхмӕ.
Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй коронавирусӕй фӕрынчын сты 1,6 мин адӕймаджы.