00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Ирон эфир
08:00
3 Мин
Ирон эфир
08:30
3 Мин
Ирон эфир
08:33
27 Мин
Ирон эфир
Новости
09:00
3 Мин
Утро на Спутнике
В России прошли выборы в Государственную думу
09:08
0 Мин
Ирон эфир
Новости
09:30
3 Мин
Утро на Спутнике
Заболеваемость по гриппу не превышает эпидпорог: Марина Кочиева
09:38
24 Мин
О главном на Спутнике
Как уберечься от сезонных простуд
12:05
9 Мин
On air
12:14
14 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Ахуырады министр загъта йӕ хъуыды Хуссар Иры сабидӕтты уавӕры фӕдыл

© Sputnik / Наталья АйриянСабидон
Сабидон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ноябры райдайӕны рахастӕуыд скъуыддзаг, цӕмӕй Хуссар Ирыстоны алкӕцы сабидоны дӕр бакӕной фӕйнӕ иу радгӕсон къорды

ЦХИНВАЛ, 18 ноя - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Цхинвалы сабидӕттӕм цӕуыны бар ис ӕрмӕст медицинон кусджыты сывӕллӕттӕн нӕ, фӕлӕ ма кусгӕ чи кӕны, ахӕм ныййарджыты сывӕллӕттӕн дӕр. Амӕйразмӕ фехъусын кодтой куысты режим раивыны тыххӕй, афтӕ ма бакодтой радгӕсон къордтӕ стлолицӕйы сабидӕтты, фӕлӕ ныййарджытӕй алчи раст нӕ бамбӕрста ацы скъуыддзаг.

Карантин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хизӕм куыстмӕ: Хуссар Иры аскъуыддзаг кодтой кӕстӕр кълӕсты ахуыры фарст

Уавӕры тыххӕй йӕ хъуыды загъта Sputnik ахуырады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Гасситы Натали.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, кӕцыдӕр сабидӕтты хъомылгӕнджытӕ раст не мбарынц кӕнынц ныййарджытӕн куысты ног режим.

"Хъомылгӕнджытӕ ӕмбарын кӕнынц ома ӕрбакӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр медицинон кусджыты сывӕллӕтты, фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Мах загътам, къордӕн бирӕ сывӕллӕтты райсыны фадат кӕй нӕй, уый фӕдыл, фыццаджыдӕр, исдзыстӕм медицинон службӕйы кусджыты сывӕллӕтты, фӕлӕ ма исдзыстӕм сывӕллӕтты дӕр, кӕцыты ныййарджытӕн фадат нӕй дистанцион куыст кӕнын", - загъта Гасситы Натали.

Уый бафтыдта, зӕгъгӕ, кӕд ӕмӕ кусгӕ чи кӕны, ахӕм ныййарджыты сывӕллӕтты бирӕ райсой, уӕд бакӕндзысты уӕлӕмхасӕн радгӕсон къордтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0