Автотрассӕ Гуфта-Къуаисайыл фесты асфальтгӕнӕг куыстытӕ

© Sputnik / Natalia Airiyan Автотрассӕ Гуфта-Къуаиса
Автотрассӕ Гуфта-Къуаиса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
40 километры дӕргъӕн фӕндаг цалцӕг цыд ӕртӕ азы дӕргъы Инвестицион нывӕзты фӕлгӕтты, уый сбӕтдзӕн Къуыдаргомы центр Транскамы трассӕимӕ

ЦХИНВАЛ, 18 ноя – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Автофӕндаг Гуфта-Къуаиса сӕрӕй кӕронмӕ ӕмбӕрз ӕрцыд асфальтӕй. Аразджытӕ мӕйы ӕмгъуыдмӕ трассӕ сифтонг кӕндзысты фӕндагон нысӕнттӕй, былгӕрӕтты та сӕвӕрдзысты барьертӕ, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны автомобилон фӕндӕгты арӕзтад ӕмӕ эксплуатацийы фӕдыл комитеты сӕргълӕууӕг Гуыззыттаты Эдуард.

© Sputnik / Natalia Airiyan Автотрассӕ Гуфта-Къуаиса
Автотрассӕ Гуфта-Къуаисайыл фесты асфальтгӕнӕг куыстытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Автотрассӕ Гуфта-Къуаиса

Гуфта-Къуаиса у республикӕйы сӕйраг магистральтӕй сӕ иу. Йӕ дӕргъ у 40 километры. Фӕндаджы арӕзтад бахастой Республикӕ Хуссар Ирыстоны Инвестицион программӕмӕ.

"Ис ма дзы кусинӕгтӕ. Сӕвӕрдзысты фӕндаггӕрӕтты барьерон ӕмбонд, тӕссаг зонӕты фӕзындзысты отбойниктӕ, фӕндагон разметкӕйӕн йе 'мбис нырма не 'рцыд хахх. Хъӕуы ма дзы сӕвӕрын фӕндагон нысӕнттӕ дӕр. Ацы куыстытӕ хъавӕм  декабры астӕумӕ балхынцъ кӕнын",- загъта Гуыззытаты Эдуард.

Фӕндаджы цалцӕггӕнӕн куыстытӕ райдыдтой 2017 азы. Иу азмӕ фӕндагон службӕтӕ сцалцӕг кодтой трассӕйы фадыг Хъемултайы хъӕуы онг. Арӕзтады дыккаг этап уагъд цыд 2018 азы, куыстытӕ райдыдтой горӕт Къуаисайы рдыгӕй. Асфальт сӕвӕрдтой Кӕсагджыны хъӕуы онг. Ацы аз кусджытӕ баиу кодтой асфальтӕй ацы дыууӕ фадыджы ӕмӕ трассӕ цӕттӕ у эксплуатацимӕ.

© Sputnik / Natalia Airiyan Автотрассӕ Гуфта-Къуаиса
Автотрассӕ Гуфта-Къуаисайыл фесты асфальтгӕнӕг куыстытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Автотрассӕ Гуфта-Къуаиса
Ног хабӕртты лентӕ
0