Хуссар Иры цӕрджытӕн фадат ис хайад райсын ӕхсӕнадӕмон "Географион диктанты

© Sputnik / Наталья АйриянГеографион диктант Хуссар Иры
Географион диктант Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Коронавирусы фӕдыл эпидемиологон уавӕр хынцгӕйӕ, диктант ацӕудзӕн дистанцион форматы

ЦХИНВАЛ, 18 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хонынц ӕхсӕнадӕмон акци "Географион диктант"-ы хайад райсынмӕ 29 ноябры. Уый тыххӕй хъусын кӕны Уӕрӕсейаг зонад ӕмӕ культурӕйы центр Цхинвалы.

Ацы аз диктант ацӕудзӕн дистанцион форматы эпидемиологон уавӕры тыххӕй. Акцийы хайад райсыны тыххӕй 25 ноябры онг хъӕуы ӕрбарвитын ном, контактон телефон ӕмӕ электронон посты адрес ардӕм: mandraji.alla@mail.ru (+7929-807-03-27).

"Хайадисджытӕ, кӕцытӕ ӕрбарвыстой сӕ контактон бӕрӕггӕнӕнтӕ, 27 ноябры онг райсдзысты дӕнцӕг диктант рацӕуыны тыххӕй Хуссар Ирыстоны фӕзуатыл, кӕцы уыдзӕн автивон иу сахаты дӕргъы 29 ноябры 12.00 сахатӕй 13.00 сахаты онг", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Георграфион диктант ӕрвылаз уадзы Уырыссаг георграфион ӕхсӕнад Уӕрӕсейы Федерацийы президент Владимир Путины хъӕппӕрисӕй 2015 азӕй фӕстӕмӕ. Йӕ сӕйраг нысаниуӕг у географион зонындзинӕдты популяризаци ӕмӕ Уӕрӕсейы географимӕ интерес фӕфылдӕр кӕнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0