Ӕртӕ амонды ӕмӕ ног бӕллиц: куыд цӕры иунӕг уырыссаг сылгоймаг Къуыдаргомы

© Sputnik / Natalia Airiyan Лилия Разина
Лилия Разина - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Пыльник Лилия бацыд 69 кары. Йӕ цардыл йӕ цӕст ахӕсгӕйӕ дзуры, йӕ дыккаг лӕджы бирӕ кӕй уарзта, фӕлӕ йӕ уарзтӕй стырдӕр та у йӕ фӕсмон  - йе 'ртыккаг ӕмкъай Дзоццӕимӕ афоныл кӕй нӕ сӕмбӕлд. Ныр та бӕллы йӕ мады ӕнӕгӕй исты бӕрӕг базонынмӕ 

ЦХИНВАЛ, 20 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Дзауы районы Кировы хъӕуы зыбыты иунӕгӕй цыппӕрӕм аз  цӕры Пыльник Лилия. Йӕ 69 азмӕ дӕргъы уый ӕртӕ хатты ссардта йӕ амонд - смой кодта уырыссаг, гуырдзиаг ӕмӕ иронӕй. 

Мӕ хойӕ бӕрӕг базонынмӕ бӕллын

Лилия йӕ иунӕг ӕввахс адӕймаг - йӕ хо Ирина Белайимӕ фӕсӕфта бастдзинад. Йӕ сывӕллӕттӕ схъомыл сты ӕцӕгӕлонӕй, абӕстыл ничиуал ис йе ‘мкъӕйттӕй дӕр.

"Мӕ хо цард Украинӕйы, Харьковы областы Изюмы районы Яремовкайы хъӕуы. Ӕртӕ сывӕллоны йын уыд. Фӕстаг хатт ма йӕ федтон фыццаг хӕсты рӕстӕджы (1991аз), уӕд цардтӕ Знауыры районы ӕмӕ нӕм ӕрцыд уазӕгуаты",- загъта Лилия.

Уый фӕстӕ ма хотӕн уыд бастдзинад, цалынмӕ уыдонмӕ дӕр хӕст нӕ райдыдта, уӕдмӕ.

Царды уӕзмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, цъӕхцӕст Лилияӕн ис хъӕлдзӕг зӕрӕйы уаг ӕмӕ мидбылхудтимӕ ӕмбӕлы адӕмыл.

© Sputnik / Natalia Airiyan Лилия Разина
Ӕртӕ амонды ӕмӕ ног бӕллиц: куыд цӕры иунӕг уырыссаг сылгоймаг Къуыдаргомы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Лилия Разина

Сылгоймагӕн йӕ цард куыддӕр йӕ райдайӕнӕй цыд мӕгуырау. Ӕнахъомӕй  сӕ мад йӕ дыууӕ чызджы ныууагъта, фыд та устытӕ хаста, фӕлӕ уыдонӕй сидзӕрты рӕвдауын никӕй фӕндыд.  Чызг бахауд сидзӕрдонмӕ. 

"Мӕ фыд дыккаг ус ӕрхаста,фӕлӕ сӕ цард нӕ ацыд, ӕртыккаг та мӕн не ‘руарзта ӕмӕ мӕ сидзӕрдонмӕ радтой. Ноджы сын райгуырд зӕнӕг, фӕлӕ уыдон дӕр бирӕ нӕ фӕцардысты иумӕ. Фӕстӕдӕр мӕ хойы дӕр радтой сидзӕрдонмӕ. Ӕстӕм къласӕй ацыдтӕн кусынмӕ оптикомеханикон заводмӕ блокировщицӕйӕ", - мысы Лилия.

Ӕвзонг чызг уым фембӕлд йӕ фыццаг ӕмкъайыл.

"Мӕхи мыггаг у Разина, мӕ фыццаг лӕджы мыггаг мын баззад Пыльник. Ӕз ӕвзонг уыдтӕн, нӕлгоймаг мӕ фыды зӕрдӕмӕ фӕцыд ӕмӕ мӕ ӕвӕндонӕй радтой моймӕ. Фӕлӕ бирӕ нӕ фӕцардыстӕм", - бафтыдта уый.

Ӕцӕгӕлон хи сывӕллӕттӕ

Лилияйӕн йӕ фыццаг моййӕ уыд дыууӕ сывӕллон. Бинонтӕ тагъд ахицӕн сты, сывӕллӕттӕ  Алена ӕмӕ Игорь баззадысты сӕ дада Александры бӕрны - Лилия чындзы рацыд гуырдзиаджы фӕдыл. Знауыры районы цӕрӕг Тхелидзе Омар Украинӕмӕ ныххаудта арӕзтадон кусӕгӕй. 

"Мӕ фыд мын сывӕллӕтты мемӕ нӕ рауагъта, уыдон уым баззадысты. Сты 1971 ӕмӕ 1973 азы гуырдтӕ. Уыдон фенын дӕр мӕ куыннӕ фӕнды, фӕлӕ  сӕхи кӕм бафӕнддзӕн", - дзуры Лилия.

© Sputnik / Natalia Airiyan Лилия Разина
Ӕртӕ амонды ӕмӕ ног бӕллиц: куыд цӕры иунӕг уырыссаг сылгоймаг Къуыдаргомы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Лилия Разина

Сылгоймаджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый рацыд йӕ уарзты фӕдыл ӕндӕр бӕстӕмӕ, ныууагъта йӕ хиуӕтты, афтӕмӕй.

"Хорз цардыстӕм, йӕ фыццаг бинонтӕ нӕ чысыл хъыг дардтой, фӕлӕ стӕй уыдонимӕ дӕр схӕлар стӕм. Фӕлӕ Омар нуӕзтыл схӕцыд ӕмӕ йӕ игӕрӕй амард", - радзырдта сылгоймаг.

Фӕстаг амонд

Уый фӕстӕ сылгоймаджы раскъӕфтой Кировы хъӕумӕ Теблойты Дзоццӕйӕн усагӕн. Усгур йӕхӕдӕг дӕр ӕвзонг нӕ уыд - цыд ыл 72 азы, чындз дӕр ахызт 50 азы карӕй.

"Тынг хорз адӕймаг уыд Дзоццӕ. Йӕ фырт Вадик нын цъус цъӕмӕл кодта нӕ хъӕрмуд цард, уый уарзта нуазын, стӕй йӕхи рцауыгъта. Дзоццӕ мӕнӕй 23 азы хистӕр уыд, фӕлӕ уӕддӕр хорз цардыстӕм", -  мысы сылгоймаг.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, бинонтӕн алцыдӕр уыд фаг.

"Фос фаг дардтам, пенси иста Дзоццӕ, цӕхӕрадоны тыллӕг кодтам. Алцыдӕр нын уыд фаг, фӕлӕ цыппар азы размӕ амард ме 'мкъай. Фӕстаг рӕстӕг тынг фӕрынчын, уыд ын склероз. Йӕ зӕнӕг ӕдзух ам нӕ уыдысты ӕмӕ йӕм кастӕн ӕз", - бафтыдта уый.

© Sputnik / Natalia Airiyan Лилия Разина
Ӕртӕ амонды ӕмӕ ног бӕллиц: куыд цӕры иунӕг уырыссаг сылгоймаг Къуыдаргомы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Лилия Разина

Ныридӕгӕн Лилия иунӕгдзинадӕй дарддӕр ницӕмӕй хъаст кӕны, ӕппӕтӕй дӕр ӕй ифтонг кӕны Дзоццӕйы чызг Клавдия.

"Алцыдӕр мын фаг кӕны, раздӕр мӕ фӕндыд аздӕхын Украинӕмӕ, фӕлӕ ныр ам ӕрцахуыр дӕн. Ӕрӕст мӕ фӕнды мӕ хойы фенын", - дзуры уый.

Пыльник Лилия 69 кары йӕ цардыл йӕ цӕст ахӕсгӕйӕ дзуры, йӕ дыккаг лӕджы бирӕ кӕй уарзта, фӕлӕ йӕ уарзтӕй стырдӕр та у йӕ фӕсмон - йе 'ртыккаг ӕмкъай Дзоццӕимӕ афоныл кӕй не сӕмбӕлд, уый тыххӕй.

"Омары бирӕ уарзтон, ныр дӕр ӕй мӕ бон ферох кӕнын нӕу. Фӕлӕ Дзоццӕйыл афоныл ӕвзонгӕй куы фембӕлдаин, уӕд уыдаин амондджын", - балхынцъ кодта уый.

Лилияӕн цардуагон хъуыддӕгты дӕр ис зындзинӕдтӕ –архайы хӕсгӕ донӕй,фӕлӕ ацы фарст ныфс дӕтты алыг кӕнын хъӕуы администрацийы разамынад.

© Sputnik / Natalia Airiyan Лилияйы хӕдзар
Ӕртӕ амонды ӕмӕ ног бӕллиц: куыд цӕры иунӕг уырыссаг сылгоймаг Къуыдаргомы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Лилияйы хӕдзар
Ног хабӕртты лентӕ
0