Ӕхсӕнадӕмон организаци Хуссар Иры сифтонг кӕндзӕн иунӕг адӕмы зымӕгмӕ сугӕй 

© Sputnik / Наталья АйриянГуфта
Гуфта - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Суг уӕрст цӕуы, хъӕуты цы бинонтӕ цӕры, уыдоныл, алкӕмӕн дӕр цыппар кубы. Уыдон сты Сырх дзуары миссийы хӕлцадон ӕххуыс исджытӕ, сӕ нымӕцы сахъат, ацӕргӕ ӕмӕ аххуысхъуаг адӕм

ЦХИНВАЛ, 25 ноя - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Сырх Дзуары Ӕхсӕнадӕмон комитеты бынӕттон мисси ифтонг кӕны республикӕйы ӕххуысхъуаг адӕмы зымӕгмӕ сугӕй. Гуманитарон мадзӕлттӕ ӕххӕст цӕуынц ӕрдзон ресурсты хъӕды хӕдзарадон управленийы ӕмархайдӕй, фехъусын кодта Sputnik миссийы ӕхсӕнадимӕ ахастыты фӕдыл специалист Тедеты Марина.

Сырх Дзуар баласта Хуссар Иры цӕрджытӕн ӕрдӕг азы фаг гуманитарон ӕххуыс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сырх Дзуар баласта Хуссар Иры цӕрджытӕн ӕрдӕг азы фаг гуманитарон ӕххуыс

Сырх дзуары мисси ӕдӕппӕтӕй байуардзӕн 500 кубон метры суг, уыдон ныддих кодтой 125 бинонтыл.

"Суг уӕрст цӕуы, хъӕуты цы бинонтӕ цӕры, уыдоныл, алкӕмӕн дӕр цыппар кубы. Уыдон сты Сырх дзуары миссийы хӕлцадон ӕххуыс исджытӕ, сӕ нымӕцы сахъат, ацӕргӕ ӕмӕ аххуысхъуаг адӕм. 110 бинонтӕ райстой сӕ зымӕгон хай сугӕй, мӕйы кӕронмӕ ма 10 бинонтӕ райсдзысты Знауыры районы ӕмӕ фондз та Ленингоры", - радзырдта Тедеты Марина. 

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, 240 бинонтӕ исынц аз цыппар хатты хӕлцадон ӕххуыс ӕмӕ ӕхсыны ӕрмӕг. Ацы гуманитарон нывӕзт мисси ӕххӕст кӕны ӕрвылаз дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0