Хуссар Иры санитарон уагдон фехъусын кодта ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

© Sputnik / Константин Михальчевский /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 1725 фӕрынчынуӕвӕджы, уыдонӕй 629 сӕнӕниз сты

ЦХИНВАЛ, 19 ноя - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны фӕстаг суткӕйы дӕргъы сарӕзтой 145 тесты коронавирусы фӕдыл, уыдонӕй 18 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг, фехъусын кодта майрӕмбоны Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

"Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 1725 фӕрынчынуӕвӕджы, уыдонӕй 629 сӕнӕниз сты", - банысан кодта Гаглойты Анна.

Сырх Дзуары мисси - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сырх Дзуары мисси уары хӕлцадон ӕххуыс тыхст адӕмӕн пандемийы фӕдыл
Югосетпотребнадзоры лабораторийы пандемийы рӕстӕджы сарӕзтой 10641 басгӕрсты.

Афтӕ ма Гаглойты Анна бахахх кодта, ивгъуыд суткӕйы республикон бирӕпрофилон медицинон центры "сырх зонӕйӕ" кӕй рафыстой 45 адӕймаджы.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, абоны бон медикты хъусдарды бын амбулаторон хоскӕнынады сты 1096 адӕймаджы.

Хуссар Ирыстоны 15 декабры онг ис арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ, ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ, тобӕ сӕвӕрдтой массон мадзӕлттӕ уадзыныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0