ЦХИНВАЛ, 30 ноя – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Цхинвалы активон темптӕй цӕуы ног фондзуӕладзыгон хӕдзары арӕзтад Хъайтарты уынджы кӕроны. Хӕдзар аразынц 118-ӕм корпусы бӕсты, кӕцы бахъыгдард ис 2008 азы хӕсты рӕстӕджы.
Ног хӕдзары дӕр уыдзӕн 60 фатеры. Йӕ арӕзтадмӕ "СТМ-ЮГ" фирмӕ ӕрӕвнӕлдта июлы. Абоны бон аразджытӕ фӕуд кӕнынц ӕртыккаг уӕладзыджы арӕзтад. Арӕзтадон организацийы минӕвар Джиоты Андрей фехъусын кодта Sputnik, объектыл кӕй архайынц 50 кусӕджы.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ арӕзтад адарддӕр уыдзӕн зымӕгон периоды дӕр. Ис нӕм сӕрмагонд фӕрӕзтӕ, кӕцыты руаджы фадат ис кусын уазал боныгъӕды рӕстӕджы дӕр.
"Бӕстыхӕйтты та сӕвӕрдзыстӕм хъармгӕнӕн ифтоггарз мидӕггагон куыстытӕн", - загъта Джиоты Андрей.
Бирӕуӕладзыгон хӕдзары арӕзтад балхынцъ кӕндзысты фидӕн азы кӕрӕттӕм.
Хӕсты рӕстӕджы цы бирӕуӕладзыгон хӕдзар бахъыгдард ис, уый цӕрджытӕ бирӕ хатт бадзырдтой хицауадмӕ, цӕмӕй ацы хӕдзар ныппырх кӕной ӕмӕ ног саразой. Ныр ацы фарст аскъуыддзаг кодтой. Объект бахастой 2020-2022 азты инвестицион нывӕзтмӕ.
Хуссар Ирыстонӕн социалон экономикон ӕххуыс бакӕнын фӕдыл Инвестпрограммӕ 2020-2022 ӕзтӕм сфидар кодтой ӕхсӕнхицауадон къамисы рабадтыл 2019 азы апрелы.
Ӕртӕазон программӕйы, кӕцыйы бюджет у 4,5 миллиард сомы, ис 52 мадзалы, кӕцытӕ здӕхт сты социалон объектты дарддӕры арӕзтадмӕ.