Цхинвалы инфекцион хайады пациентты рӕстӕгмӕ ракодтой РБМЦ сывӕллӕтты рынчындонмӕ

© Пресс-служба президента РЮОИнфекцион хайад
Инфекцион хайад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сывӕллӕтты рычындоны "сырх зонӕмӕ" ракодтой РБМЦ инфекцион хайады пациентты. Уый рӕстӕгмӕ мадзау у – цалынмӕ медцентры техникон бӕстыхӕйттӕй сӕ иуы зынгсирвӕзты фӕстиуджытӕ аиуварс кӕной, уӕдмӕ

ЦХИНВАЛ, 1 дек – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны столицӕйы республикон бирӕпрофилон медицинон центры (РБМЦ) инфекцион хайады пациентты ракодтой сывӕллӕтты рынчындоны "сырх зонӕмӕ" инфекцион хайады хъармгӕнӕн ифтонггарзимӕ проблемӕты тыххӕй, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг инфекционист Джиоты Элеонора.

зынфӕдисонты къордтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Трансформатор РБМЦ ссыгъд цыбыр аныдзӕвды тыххӕй. Зынгсирвӕзт ахуыссын кодтой

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, проблемӕтӕ фӕзындысты трансформаторы ссыгъды тыххӕй. Уӕлвӕткон цау ӕрцыд къуырисӕры, зынгфӕдисонтӕ ӕвӕстиатӕй ахуыссын кодтой арт, йӕ аххосаг уыд цыбыр аныдзӕвд.

"Зынгсирвӕзт ӕрцыд хицӕн бӕстыхайы инфекцион корпусы цур. 26 пациенты мах знон ракодтам сывӕллӕтты рынчындонмӕ хъармгӕнӕн ифтонггарз кӕй нӕ кусы, уый тыххӕй", - загъта Джиоты Элеонора.

Пациенттӕ хос кӕндзысты сывӕллӕтты рынчындоны, цалынмӕ медцентры техникон бӕстыхӕйттӕй сӕ иуы зынгсирвӕзты фӕстиуджытӕ аиуварс кӕной, уӕдмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0