Хуссар Иры Нывгӕнджыты цӕдисы сӕрдар: равдысттӕ нӕй, фӕлӕ ӕрмадзты куыст цӕуы

© Sputnik / Наталья АйриянБитеты Алан
Битеты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Абон, Нывгӕнӕджы бон, Хуссар Ирыстоны Нывгӕнджыты цӕдисы сӕрдар Битеты Алан радзырдта Sputnik, цы проблемӕтимӕ сӕмбӕлдысты республикӕйы нывгӕнджытӕ пандемийы периоды

ЦХИНВАЛ, 8 дек - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны Нывгӕнджыты цӕдисы равдысттӕ аргъӕвтой пандемийы тыххӕй, фехъусын кодта Sputnik Нывгӕнджыты цӕдисы сӕрдар Битеты Алан.

"Карантинон арӕнӕвӕрдты тыххӕй махӕн фадат нӕй ауадзын равдысттӕ. Мах нывӕндыстӕм бакӕнын экспозици, фӕлӕ йӕ коронавирусы тыххӕй аргъӕвтам", - загъта Битеты Алан.

Фыццаг пандемиийы фӕстӕ: Цхинвалы бакодтой нывгӕнджыты куыстыты равдыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фыццаг пандемийы фӕстӕ: Цхинвалы бакодтой нывгӕнджыты куыстыты равдыст
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, пандемийы тыххӕй ӕрурӕдтой цалцӕггӕнӕн куыстытӕ дӕр Нывгӕнджыты цӕдисы равдыстон залы Цхинвалы Хетӕгкаты Къостайы уынгыл. Бӕстыхай бахъыгдард 2008 азы хӕсты рӕстӕджы.

"Хъыгагӕн, равдыстон зал бирӕ рӕстӕг ис кӕлӕтдзаг уавӕры. Ацы аз мах райдыдтам уым цалцӕггӕнӕн куыстытӕ, раивтам агъуыст, дуар, балхӕдтам электро ифтонггарз, фӕлӕ пандемийы аххосӕй куыстытӕ ӕрурӕдтам", - бафтыдта Битеты Алан.

Уый банысан колдта, цалцӕггӕнӕн куыстытӕ уагъд кӕй цӕуынц президентон фонды фӕрӕзтӕй.

Уыимӕ иумӕ, Битеты Алан бахахх кодта, нывгӕнджыты куыстыл пандеми кӕй нӕ бандӕвта.

"Уавӕрмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, нывгӕнджытӕ дарддӕр кусынц сӕ ӕрмадзты", - бафтыдта уый.

Афтӕ ма, Нывгӕнджыты цӕдисы сӕрдар раарфӕ кодта йӕ коллегӕтӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн – 8 декабры нысан кӕнынц Нывгӕнӕджы ӕхсӕнадӕмон бон.

Абоны бон Хуссар Ирыстоны Нывгӕнджыты цӕдисы сконды ис 37 адӕймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0