ЦХИНВАЛ, 8 дек - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы рабӕрӕг кодтой 19 ног фӕрынчынуӕвӕджы COVID-19-ӕй, фехъусын кодта Sputnik дыццӕджы Югосетпотребнадзоры хистӕры хӕдивӕг Гаглойты Анна.
"Сарӕзтам 119 тесты, уыдонӕй 19 равдыстой инфекцийы уӕвынад", - загъта Гаглойты Анна.
Уый ма бафтыдта, ивгъуыд суткӕйы медицинон хыгъдӕй кӕй систой 45 пациенты. Ӕдӕппӕт пандемийы райдианӕй республикӕйы сӕнӕниз сты 955 адӕймаджы. Дохтырты хъусдарды бын ис 968 пациенты.
Гаглойты Аннайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, сентябры Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн арӕн куы бакодтой, уӕдӕй нырмӕ республикӕйы рабӕрӕг кодтой 1923 фӕрынчынуӕвӕджы ног коронавирусон инфекцийӕ.
Хуссар Ирыстоны 15 декабры онг ис арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ, ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ, тобӕ сӕвӕрдтой массон мадзӕлттӕ ауадзыныл.