Коронавирусӕй 39 ног рынчыны рабӕрӕг Хуссар Ирыстоны

© Sputnik / Natalia Airiyan Коронавирусӕй 39 ног рынчыны рабӕрӕг Хуссар Ирыстоны
Коронавирусӕй 39 ног рынчыны рабӕрӕг Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сентябры ӕмбистӕй республикӕйы коронавирусӕй фӕрынчын сты 1962 адӕймаджы,  уыдонӕй 1035 ныридӕгӕн сӕнӕниз сты, фехъусын кодтой санитарон уагдоны

ЦХИНВАЛ, 9 дек - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны фӕстаг суткӕйы коронавирус раргом 39 адӕймагӕн, фехъусын кодта ӕртыццӕджы Sputnik Югосетпотребнадзоры хистӕры хӕдивӕг Гаглойты Анна.

"Амбулаторон хоскӕнынад цы рынчынтӕ цӕуынц , уыдон нымӕц схызт 927 онг", - загъта уый.
Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ фесты Хуссар Иры объекты дезинфекци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ фесты Хуссар Иры объекты дезинфекци

Гаглойты Аннайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ивгъуыд суткӕ медикты хъусдардӕй систӕуыд 80 пациенты, ӕдӕппӕт пандемийы рӕстӕджы та сӕнӕниз сты 1035 адӕймаджы.

 Югосетпотребнадзоры лабораторийы пандемийы райдианӕй нырмӕ сарӕзтӕуыд 11,770 иртӕсты COVID-19 рафӕлгъауыны фӕдыл, уыдонӕй 1962 равдыстой низы уӕвынад.

Хуссар Ирыстоны 15 декабры онг ис арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ, ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ, тобӕ сӕвӕрдтой массон мадзӕлттӕ ауадзыныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0