Ирон уӕлибыхтӕ хаст ӕрцыдысты Уӕрӕсейы хуыздӕр брендты хыгъдмæ

© Sputnik / Наталья АйриянИрон уӕлибыхтӕ
Ирон уӕлибыхтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирыстоны сæйраг национ хойраг конкурсы ӕппӕт архайджыты зæрдæмæ дæр фæцыд æмæ конкурсы бацахста ӕртыккаг бынат

ЦХИНВАЛ, 10 дек – Sputnik. Ирон улибыхтӕ бацахстой ӕртыккаг бынат Ӕппӕтуӕрӕсейаг фыццаг национ конкурс "Вкусы России"-йы. Уый тыххӕй хъусын кӕны ПТРК "Алания".

Дзӕуджыхъӕуы цӕуы чъиритӕ кӕнынӕй ӕппӕтуӕрӕсейон конкурс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуыздӕр уӕлибых: Дзӕуджыхъӕуы цӕуы чъиритӕ кӕнынӕй ӕппӕтуӕрӕсейон конкурс

Æппæтуæрæсеон конкурсмæ Уӕрӕсейы алы регионтæй сæ курдиæттæ балæвæрдтой 508 архайæджы.

"Ирыстоны сæйраг национ хойраг се ппæты зæрдæмæ дæр фæцыд æмæ конкурсы бацахста ӕртыккаг бынат. Йæ разæй сты æрмæстдæр Карелийы балер кæсаг æмæ Хъырымы сæн", - дзырдуы хъусинаджы.

Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады æмæ хойраджы министрады куыд загътой, афтæмæй мадзал суыдзæн æрвылазон æмæ дзы республикæ кæддæриддæр æнæмæнг архайдзæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0