Тыхон структурӕтӕ бакодтой Цхинвалы центр, цы ран уагъд цӕуы протесты акци

© Sputnik / Natalia Airiyan Протесты акци Цхинвалы
Протесты акци Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзабиты Иналы бинонтӕ, кӕцы амард МХМ Криминалон милицийы агъуысты ӕрфарсты рӕстӕджы, расидтысты ивгъуыд къуыри протесты акци

ЦХИНВАЛ, 10 дек – Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы центры систой арӕнӕвӕрдтӕ автотранспорты змӕлдыл, кӕцытӕ бакодтой къуырийы размӕ протесты акцийы тыххӕй, кӕцы уадзынц Дзабиты Иналы хиуӕттӕ.

Театралон фӕзуатыл ацы бонты дӕргъы тыхон структурӕтӕ сӕ хъус дарынц ӕхсӕнадон фӕткы ӕдасдзинадмӕ. Уыимӕ иумӕ, социалон хызӕгты фӕзындысты видеоӕрмӕджытӕ, цы ран барадхъахъхъӕнӕг органтӕ нӕ уагътой фӕзуаты адӕммӕ хӕрд ӕмӕ дон, афтӕ ма газы баллонтӕ дӕр – цӕмӕй схъарм уой. Амӕйразмӕ тыхон структурӕтӕ нӕ бауагътой сӕвӕрын палаткӕтӕ.

"Горӕты центр знон изӕр бакодтой автотранспорты змӕлдӕн. Нӕ кусджытӕ нырма дӕр лӕууынц уым ӕмӕ хъахъхъӕнынц ӕхсӕнадон фӕтк. Столицӕйы уавӕр у стабилон, райсомӕй фӕзуатыл уыд цалдӕр адӕймаджы", - загътой Хуссар Ирыстоны МХМ пресс-службӕйы.

Протестон акци Цхинвалы уагъд цӕуы ӕвдӕм бон. Акцийы хайадисджытӕй сӕ иуы ныхӕстӕм гӕсгӕ, изӕрмӕ фӕзуатыл ӕрӕмбырд вӕййы бирӕ адӕм – знон дзы уыд сӕдӕмӕ ӕввахс. Дзабиты Иналы хиуӕттӕ уым вӕййынц ӕрвыл суткӕ.

Дзабиты Иналы зиан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзабиты Иналы ӕфсымӕры ауагътой прокуратурӕйӕ ӕвдисӕндзырдты фӕстӕ

"Адӕм нырма нӕ фӕнд кӕнынц фӕуын акци. Уыдон ӕнхъӕлмӕ кӕсчнц, цӕмӕй сӕм хицауады минӕвӕрттӕй исчи рахиза", - загъта ныхасӕмбал.

Августы кæрон рабæрæг ис, МХМ хистæры амарын бафæлварыны хъуыддаджы зæрдæхсайгæ адæймаг Дзабиты Иналы рæстæгмæ дарæн изоляторæй кæй фæхæццæ кодтой рынчындонмæ уæззау буары цæфтимæ. Фæстæдæр фехъусын кодтой, лæппу кæй амард.

Дзабиты Иналы мæлæт æхсæнады сæвзæрын кодта стыр резонанс. Йæ фæстæ Цхинвалы ацыд митингтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0