Цхинвалы бакӕндзысты ногазон армукъа

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы бакӕндзысты ногазон армукъа
Цхинвалы бакӕндзысты ногазон армукъа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ногазон хъазӕнтӕ ӕмӕ наз бӕлӕстӕ балхӕнӕн уыдзӕн столицӕйы дыккӕгӕм базары раз Харебаты Исахъы уынгыл

ЦХИНВАЛ, 13 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны пандемимӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ бакӕндзысты ногазон армукъа. Рӕстӕгмӕ базар ӕрбынат кӕндзӕн столицӕйы Харебаты Исахъы уынгыл, фехъусын кодта Sputnik горӕты администрацийы кусӕг Къобесты Маирбег.

"Пандемимӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ уӕддӕр аскъуыддзаг кодтам бакӕнын ногазон армукъа, уымӕн ӕмӕ уӕддӕр адӕмы хъӕуы самал кӕнын наз бӕлӕстӕ ӕмӕ сӕ хъазӕнтӕ. Рӕстӕгмӕ базар кусдзӕн 15-31 декабрьмӕ", - загъта уый.
Ногазон лӕвар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сабитӕн байуардзысты ногазон лӕвӕрттӕ

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕм куырдиаттӕ ӕрбацыд 25 амалиуӕгдарӕй, кӕцыты фӕнды уыцы базар кӕнын.

"Ӕмткӕй базары раз бацӕудзӕн 28 адӕймаджы базарадон цатыры, фӕлӕ сӕ нымӕц бирӕ куы вӕййы, уӕд сын рахицӕн кӕнӕм бынат республикон библиотекӕйы раз", - бафтыдта Къобесты Маирбег.

Ногазон армукъа ӕрвылаз бакӕнынц Цхинвалы базары раз, уым балхӕнӕн вӕййы ногазон хъазӕнтӕ ӕмӕ аразгӕ наз бӕлӕстӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0