Ацы аз декабры мæйы зындгонд ирон ахуыргонд Абайты Уасойæн нысан кæнынц йæ 120 азы юбилей. Дзиццойты Юрийы ныхæстæм гæсгæ Уасо уыдис йæ дæсныйады æппæты раззагонтæй сæ иу.
"Ис ахæм ахуыргæндтæ, кæцытæ ногдзинæдтæ бахæссынц теоримæ, Абайты Уасо дæр уыд уыцы ахуыргæндтæй. Фонемæйыл бирæ ныхас цыдис, фæлæ Абайты Уасо йæ ныхас загъта, цы у фонемæ æмæ йæ куыд хъæуы æмбарын", - банысан кодта Дзиццойты Юрий.